Республикæ Хуссар Ирыстоны прокуратурæйы кусæджы боны цытæн Мидхъуыддӕгты оргӕнты Иумӕйаг информацион-координацион центры директор Шепелев Василий арфӕйы фыстӕг æрбарвыста Хуссар Ирыстоны Генералон прокурормӕ.
Фыстæджы дзырд цæуы:
«Цытджын Григорий Гурамы фырт!
Мидхъуыддӕгты оргӕнты Иумӕйаг информацион-координацион центры номæй æмæ мæхицæй айс арфæйы ныхæстæ уæ профессионалон бæрæгбоны – Прокуратурæйы кусæджы боны тыххæй!
Дæ дæсныйад у барадхъахъхъæнæг органты системæйы æппæты ахсджиагдæртæй сæ иу. Æмбæстæгты бартӕ ӕмӕ сӕрибардзинӕдтӕ ӕххӕст кӕнынмӕ цӕстдарды уагӕвӕрды дӕ профессионализмы ӕмвӕзадӕй бирӕ аразгӕ у адӕмы зондахаст закъонмӕ, барадон культурӕ аразынмӕ ӕмӕ ӕгъдауылхӕст уӕвынмӕ.
Дӕ архайд Республикӕйы ӕвзӕрын кӕны кад, авторитет æмæ бузныгад.
Зæрдæбынæй дын арфæ кæнын бæрæгбонæ тыххæй!
Мæ зæрдæ дын зæгъы амонд, æнæниздзинад, фарн æмæ æнтастытæ куысты мидæг! Закъоны ӕууӕнкджын хъахъхъӕнджыты кадджын ном дын царды тых, хъару ӕмӕ оптимизм дӕттӕд тӕккӕ зындӕр профессионалон хӕстӕ ӕххӕст кӕныны хъуыддаджы!»