17 апрелы, 19 сахат æмæ 40 минутмæ æввахс , горæт Цхинвалы Стьалин æмæ Хетгкаты Къостайы уынгтæ кæм иу кæнынц уым, не мбæстаг Сиукъаты Георгий кардæй ныццавта Уалыты Сосланæн йæ галиу агьд æмæ ма ноджы цалдæр раны. Стыр æмæ Арф хъæдгæмттæй бирæ туг кæй фæцыд уый фæстиуæгæн æнамонд лæппу амард республикон рынчындоны.
17 апрелы Генералон прокуратурæйы Фæдагурæн управленийы баконд æрцыд уголовон хъуыддаг уæрæсейы федерацийы уголовон кодексы 1 хайы 105 статьямæ гæсгæ лæгмарын, ома барæй лæг амарын.
Уыцы рæстæджы ма Сиукъаты Сосланимæ цы дыууæ адæймаджы уыд – Гæбæраты Сослан æмæ Уалыты Алан – уыдон аххосджын цæуынц фыдракæндмæ бар кæй дарынц, уый мидæг.
Ацы æртæ æмбæстаджы ныхмæ Цхинвалы горæты тæрхондон, прокуратурæйы куырдиатмæ гæсгæ рахаста фæнæдон, цæмæй дыууæ мæйы уой ахæстоны. Ацы уголовон фыдракæнды фæдыл ист цæуы æппæт æнæмæнгхъуæг фæдагурæн мадзæлттæ.