Абон Генералон прокуроры хæдивæджы Плиты Аланы сæрдариуæгæй уагъд æрцыд æмбырдуыд аттестацион къамисы ӕмбырд, уым ӕвзӕрстой райдиан аттестаци кӕныны ӕмӕ, цы бынат ахстой, уый аккаг уӕвыны фарстатӕ.
Цӕвиттон, къамис ӕркасти фыццаг къласы чин – ӕртыккаг къласы юристы– республикӕйы Ӕфсӕддон прокуратурӕйы фӕдысгарӕгӕн раттыны фарстмӕ, стӕй прокуратурӕйы фӕдысгарӕджы бынат Цхинвалы куыд ӕххӕстгонд цӕуы, уый сбӕрӕг кӕныны фарстамӕ.
Ӕмбырды байхъуыстой аттестацигонд кусджыты хистæрты бавдыстытӕм сӕ службӕйы архайды сӕйраг бӕрӕггӕнӕнты тыххӕй.
Цӕстдарды уагдоны дыууӕ кусӕджы дӕр ӕнтыстджынӕй ацыдысты аттестаци.
Ӕфсӕддон прокуратурӕйы фӕдысгарӕг амынд ӕрцыд фыццаг къласы чин – ӕртыккаг къласы юристы раттыны тыххӕй.
Аттестаци куы ацыд, уӕд Ӕфсӕддон прокуратурӕйы фӕдысгарӕг Андрей Петраченко бахордта прокуроры (фӕдысгарӕджы) Ард.
Плиты Алан арфӕтæ ракодта кусджытӕн, аттестаци ӕнтыстджынӕй кӕй ацыдысты, уый тыххӕй.