Республикӕ Хуссар Ирыстоны Генералон прокурор Собайты Григорийы сӕрдариуӕгӕй Республикӕ Хуссар Ирыстоны Генералон прокуратурӕйы коллегийы рабадт ӕрцыд. Боны фӕткы – 2023 азы Республикӕ Хуссар Ирыстоны прокуратурӕ ӕмӕ республикӕйы барадхъахъхъӕнӕг органты куысты фӕстиуджытӕ, законад ӕмӕ барвӕтк фидар кӕныны тыххӕй сӕ дарддӕры хӕстӕ.
Мадзалы хайад райстой Республикӕ Хуссар Ирыстоны Генералон прокуроры хӕдивджытӕ ӕмӕ республикӕйы Генералон прокуратурӕйы структурон дӕлхӕйтты разамонджытӕ, Республикӕ Хуссар Ирыстоны ӕфсӕддон прокурор, Республикӕ Хуссар Ирыстоны горӕт ӕмӕ районты прокурортӕ.Сӕйраг докладимӕ ралӕууыд Республикӕ Хуссар Ирыстоны Генералон прокурор Собайты Григорий. Раныхас ма кодтой Республикӕ Хуссар Ирыстоны Генералон прокуроры хӕдивӕг Цхуырбаты Иринӕ, Республикӕ Хуссар Ирыстоны Ӕфсӕддон прокурор Цхуырбаты Юрий, горӕт Цхинвалы прокурор Джиоты Эдвард, Цхинвалы районы прокурор Уалыты Алан, Знауыры районы прокурор Цхуырбаты Казбек, Ленингоры районы прокурор Хъуылымбегты Алан, Дзауы районы прокуроры ӕххуысгӕнӕг Кӕркуысты Александр.
Ацы азы фыццаг ӕмбисы Дзауы районы нысангонд бахынцыдӕуыд фыдракӕндтӕ кӕй фӕкъаддӕр сты, уый. Бахынцыд фыдракӕндтӕ фӕфылдӕр сты горӕт Цхинвал, Ленингоры ӕмӕ Цхинвалы районты. Лӕмӕгъдӕр у сӕ нымӕцы рӕзт Знауыры районы.
Цы фыдракӕндтӕ раргом, уыдон процент у 73,24% (раст ацы ӕмгъуыды ивгъуыд аз уыди 62,5%), уыц нымӕцы уӕззау хуызы фыдракӕндтӕй чи раргом чындӕуыд, уыдон – 67,5% (41,1% уыди ивгъуыд аз раст ацы ӕмгъуыды).
Хыгъдон ӕмгъуыды республикӕйы барадхъахъхъӕнӕг органтӕй бакусынмӕ сыл ӕрбавдыстӕуыд 175 уголовон хъуыддаджы, уыдонӕй прокуратурӕмӕ бакусынмӕ сыл райстӕуыд 52 уголовон хъуыддаджы, уыцы нымӕцы бакондӕуыд 36 уголовон хъуыддаджы прократурӕйы органты. Барадхъахъхъӕнӕг органтӕ куыст фесты 128 уголовон хъуыддагыл, уыдонӕй 14 – прокуратурӕйы органтӕ. Тӕрхондонмӕ азымӕвӕрӕг хаццӕгимӕ барадхъахъхъӕнӕг ооргантӕ алӕвӕрдтой 24 уголовон хъуыддаджы, уыдонӕй 6 – прокуруатурӕйы органтӕ.
Прокуратурӕйы органтӕ сӕхгӕдтой 8 уголовон хъуыддаджы.
Хыгъдон ӕмгъуыды прокурортӕ ауагътой 120 нывӕстон хъусдарӕн басгӕрсты. Нывӕстон басгӕрстыты рӕстӕджы сбӕрӕггонд фӕтхалӕнты фӕстиуӕгӕн хицауады алыгъуызон органтӕм хаст ӕрцыд прокуророн дзуаплӕвӕрды 18 акты.
Нывӕзтон ӕмӕ нывӕстӕн ӕттейӕ басгӕрстыты фӕдыл бахастӕуыд 47 бавдысты, уыдоӕй 34-мӕ ӕркастӕуыд, 13-мӕ дзы ныртӕккӕ кастӕуы. Прокуроры бавдыстмӕ гӕсгӕ дисциплинарон бӕрндзинадмӕ ӕркондӕуыд 4 бӕрнон адӕймаджы.
Бавдыстыты 46% кӕнӕ 22 иуӕджы сбӕлвырдгонд фӕтхалӕнты фӕстиуджытӕм гӕсгӕ бахастӕуыд районты администрацитӕм; уыдонӕй горӕт Цхинвалы администрацимӕ 14, 2-гай бавдыстытӕ – Дзау ӕмӕ Знауыры администрацитӕм, 4 – Ленингоры районы администрацимӕ. Республикӕйы Мидхъуыддӕгты министрад ӕмӕ Цхинвалы районы мидхъуыддӕгты хайады горӕты дӕлхаймӕ арвыстӕуыд 5 бавдысты, Ӕнӕниздзинад хахъхъӕнын ӕмӕ социалон рӕзты министрадмӕ – 4, Республикӕ Хуссар Ирыстоны Экологон, технологон ӕмӕ арӕзтадон хъусдарды комитетмӕ – 2.
Фӕткхалӕнтӕ ма ӕруадзыны нысанӕн фехъусын чындӕуыд 9 прокуророн фӕдзӕхсты закон фехӕлдӕн ӕруадзӕн кӕй нӕй, уый фӕдыл.
Афӕдзы фыццаг ӕмбисы прокуратурӕйы органтӕм ӕрбацыд 286 ӕрбахатӕны, куырдиӕттӕ ӕмӕ хъастытӕ. Бар лӕвӕрд дзы ӕрцыд 139-ӕн, уыдонӕй ӕххӕст ӕрцыд 20. Ӕмбарынгӕнинӕгтӕ раттӕуыд 65 ӕрбахатӕны фӕдыл, уголовон хъуыддӕгтӕм ӕмхицгонд ӕрцыдысты 26, ӕндӕр бӕрны уагдӕттӕм ӕркӕсынмӕ сӕм ӕрвыст ӕрцыд 57. Фӕллойадон закондӕттынад фехалыны фӕдыл хъастытӕ ӕрбацыд 20, цӕрӕнуатон закондӕттынад фехалыны тыххӕй – 17, фӕдысгӕрсты фарстыты фӕдыл – 97, ӕнахъомты тыххӕй законтӕ ӕххӕст кӕныны фӕдыл – 10, зӕххы тыххӕй закондӕттынады фарстыты фӕдыл – 7, ӕххӕстгӕнӕн хъуыддагарӕзтады закон ӕххӕст кӕныны фӕдыл – 7.
Нысан цӕуы, социалон хызӕгты, ӕмбӕстӕгты намыс, ном ӕмӕ хъуыддагон кад чи ныллӕг кӕны, ахӕм ӕнӕраст зонӕнтӕ парахат кӕныны, уымӕй дарддӕр ма телефоны фӕрцы ӕхца сайыны охыл цӕстфӕлдахджыты архайды фӕдыл куырдиӕтты нымӕц кӕй фӕфылдӕр.
Фӕстаг азты дӕргъы нысанмӕ здӕхтӕй пайда цыди ӕмбӕстӕгты ӕрбахатӕнтимӕ куысты ӕндӕр хуызтӕ – республикӕйы дӕрддаг рӕтты цӕрӕг адӕмимӕ бынаты фембӕлдтытӕ районты администрациты сӕрглӕуджытимӕ иумӕ. Уыцы куысты фӕстиуджыты фӕдыл прокурортӕ райстой прокуророн дзуаплӕвӕрды ӕнӕмӕнгхъӕуӕг мадзӕлттӕ бавдыстыты хуызы, бӕрӕг зонӕнтӕ фӕхӕццӕ чындӕуыд республикӕйы хицауад ӕмӕ ӕхсӕнадмӕ.
Генералон прокурор йӕхимӕ райста 205 адӕймаджы. Уыдонӕй сӕ фылдӕр Генералон прокурормӕ цыдысты прокуратурӕйы фӕдысгарджытӕ ӕмӕ барадхъахъхъӕнӕг органтӕм хъуыддагарӕзтады чи уыдис, ахӕм уголовон хъуыддӕгты фарстыты фӕдыл. Уымӕй дарддӕр ма Генералон прокурормӕ се ‘рбацыды аххосаг фылдӕр (13) уыдис цӕрӕуаты фӕдыл бархӕлд, зӕххы фӕдыл законы фехӕлд (3) ӕмӕ а.д. Горӕт Цхинвалы прокурор йӕхимӕ райста 80 адӕймаджы, Цхинвалы районы прокурор – 5, Дзауы районы прокурор – 23, Знауыры районы прокурор – 16, Ленингоры районы прокурор – 35.
Цӕмӕй прокуратурӕйы органтӕ ахадгӕйӕ ӕххӕст кӕной, закон кӕй амоны, ӕмбӕстӕгтӕ, паддзахад ӕмӕ ӕхсӕнады бартӕ ӕмӕ фадӕттӕ хъахъхъӕныны сӕраппонд сӕ разы лӕууӕг хӕстӕ, уый тыххӕй прокурортӕ хайад истой фыццаг инстанцийы тӕрхондӕтты, Республикӕ Хуссар Ирыстоны Сӕйраг Тӕрхондоны куысты, Республикӕ Хуссар Ирыстоны Сӕйраг тӕрхондоны Тӕрхонон коллегиты ӕмбӕстагон, арбитражон ӕмӕ уголовон хъуыддӕгты фӕдыл.
Цы программӕ райстӕуыд, уыимӕ ӕмразыйӕ хыгъдон ӕмгъуыды дарддӕр ӕххӕст цӕуы УФ Фӕдысгарӕн комитеты Академийы Генералон прокуратурӕйы фӕдысгарджыты дӕсныйад бӕрзонддӕр кӕныны тыххӕй бадзырд. Уымӕй дарддӕр ма ӕххӕст цӕуы УФ Генералон прократурӕйы академийы Республикӕ Хуссар Ирыстоны прокуророн кусджыты дӕсныйад бӕрзонддӕр кӕныны тыххӕй бадзырд. Прокуророн органты прокурортӕ иудадзыг уадзынц нывӕстон лекцион ахуыртӕ ӕнахъомтимӕ. Афтӕ Дзауы районы прокуратурӕ куысты нывӕстмӕ гӕсгӕ ауагъта лекцион ахуыртӕ Дзауы астӕуккаг скъола ӕмӕ скъола-интернаты. Республикӕ Хуссар Ирыстоны Ӕфсӕддон прокуратурӕ иудазыг уадзы лекцитӕ Республикӕ Хуссар Ирыстоны Хъахъхъӕнынады министрады сӕрмагонд скондӕн.
Коллегийы хайадисджытӕ ӕруынаффӕ кодтой фӕткхалынады уавӕрмӕ, уагӕвӕрд халыны ныхмӕ тохы фарстытӕм. Уымӕй дарддӕр ма дзырд цыди ӕмбӕстӕгты бартӕ ӕмӕ сӕрибардзинад хъахъхъӕнын, паддзахады экономикон фадаттӕ сифтонг кӕнын, закондӕттынад хъахъхъӕныны нысанӕн басгӕрстытӕ уадзын, уголовон хъуыддагарӕзты ӕппӕт ӕмгъуыдты дӕр прокуророн хъусдард ӕххӕст кӕнын ӕмӕ ӕндӕр фарстытыл.
Коллеги иумӕйагӕй рӕстмӕйыл банымадта хыгъдон ӕмгъуыды прокуратурӕйы органты куыст. Рабадты фӕстиуджыты фӕдыл лӕвӕрд ӕрцыд иукъорд хӕслӕвӕрды, афтӕ ма ацы азмӕ сбӕрвырд чындӕуыдысты хъусдарӕг органы хӕстӕ ӕмӕ фыццаградон саразинӕгтӕ.