Пухаты Алимы амарыныл гуырысхо кӕуыл кодтой, уый прокуратурӕйы оргӕнтӕм аххосджынӕй æрбацыд. Ныртӕккӕ йӕ ӕрцахстой æмӕ йӕ акодтой Республикæ Хуссар Ирыстоны Мидхъуыдтæгты министрады рӕстӕгмӕ дарыны изолятормæ.
Фӕдсгӕрст цӕттӕ кӕны куырдиат тӕрхондонмӕ, цӕмӕй ахсты урӕд ӕрцӕуа.