Республикæ Хуссар Ирыстоны Генералон прокурор Собайты Григорий æмæ йæ хæдивджытæ хайад райстой Фыдыбæстæйы æдзард хъахъхъæнджыты цырты раз дидинджытæ сæвæрыны мадзалы.
Мадзал уагъд æрцыд æртхъирæны мæйы 23 бонмæ, Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы боны цытæн.
Мадзалы хайад райстой паддзахады къухдариуæгад, Уæрæсейы Федерацийы минæварад Хуссар Ирыстоны, республикæйы министрадты æмæ уагдæтты сæргълæуджытæ, Парламенты депутаттæ æмæ æхсæнады минæвæрттæ.
Æрбалæугæ бæрæгбоны хорзæх уæ уæд!