Республикæ Хуссар Ирыстоны Генералон прокуратурæ басгардзæн Цхинвалы арæзтадон компанийы директоры хæдивæджы архæйдтытæ. Уый хи бакодта арæзтадон техникæ, кæцы йæм радтой бавæрынмæ.
СоюзСтройПроекты директор Григорий Наумов йæ кусджытæн мызд кæй фыста, уый фæдыл уголовон хъуыддаджы рæстæджы 2017 азы горæты тæрхондон æрурæдта компанийы арæзтадон техникæ.2019 азы техникæ радтой бавæрынмæ Цхуырбаты Вильямæн, кæцы уый фæстæ æнæзаконæй ныффыста техникæ Цхинвалы арæзтадон компанийыл æмæ сæ пайда кодта объекттыл арæзтадон-монтажон куыстыты рæстæджы.
2022 азы 21 июны Республикæ Хуссар Ирыстоны экономикон фыдракæндты ныхмæ тохы дæлхайадмæ барвыстæуыд фæдзæхст, цæмæй ауадзой басгæрст Цхинвалы арæзтадон компанийы финансон-хæдзарадон архайдæн.
Басгæрсты фæстæ саргъ кæндзысты Генпрокуратурæйы кусджытæн, Цхинвалы арæзтадон компанийы директоры хæдивæгæн, афтæ ма æндæр гоймæгтæн, кæцытæ гæнæн ис хайад истой фыдракæндты.