Республикӕ Хуссар Ирыстоны прокуратурӕйы органтӕ республикӕйы Мидхъуыддӕгты министрады цы басгӕрст сарӕзтой, уым куыд рабӕрӕг, афтӕмӕй 2025 ӕмӕ 2026 азты Республикӕ Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддӕгты министры раздӕры фыццаг хӕдивӕджы бардзырдты бындурыл раздæры Мидхъуыддӕгты министр хорзӕхджын ӕрцыд дыууæ номон ӕхсӕнгӕрзæй.
Республикӕ Хуссар Ирыстоны æмбæстæгты хӕцӕнгарзӕй схорзӕхджын кӕныны фӕтк ӕмӕ уавӕртӕ карзӕй регламентгонд ӕрцыдысты Республикӕ Хуссар Ирыстоны закъон "Хӕцӕнгӕрзты тыххӕй", стӕй Хуссар Ирыстоны Хицауады Уынаффӕмӕ гӕсгӕ "Республикӕ Хуссар Ирыстоны æмбæстæгты схорзӕхджын кӕныны тыххӕй", кӕцытӕн фидаргонд ӕрцыдысты хӕцӕнгарзӕй схорзӕхджын кӕныны Ӕгъдӕуттӕ ӕмӕ йӕ хуызты, типты, модельты номхыгъд, кӕцытӕн сӕ бон у хорзӕхджын кӕнын Хуссар Ирыстоны æмбæстæгты.
Фӕлӕ Мидхъуыддӕгты министры номон хӕрзиуӕгон хӕцӕнгарзӕй схорзӕхджын кӕныны фарста лыг кӕнгӕйӕ закъоны амынд домӕнтӕ ӕххӕстгонд не 'рцыдысты, ӕмӕ уый фӕдыл расайдта, закъон кӕй хъахъхъӕдта, уыцы ӕхсӕнад ӕмӕ паддзахады цымыдистæ халын.
Прокурор ӕрбахаста протесттӕ Республикӕ Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддӕгты министрады закъоны ныхмӕ арӕзт бардзырдтӕм.
Афтӕмӕй, ацы цауы фӕдыл Республикӕ Хуссар Ирыстоны Генералон прокуратурӕйы Фӕдагурæн управлени Республикӕ Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддӕгты министры раздӕры фыццаг хӕдивӕджы ныхмӕ байгом кодта дыууæ уголовон хъуыддаджы Уæрæсейы Федерацийы Уголовон Кодексы 286 уацы 3 хайы пункт "е"-мӕ гӕсгӕ.
Уголовон хъуыддаджы цыд ӕмӕ фӕдсгӕрстмӕ Республикӕ Хуссар Ирыстоны Генералон прокуратурӕ йæ хъус дары.
УФ УК 286 уацы 3 хайы пункт «е»-йы санкцийы рагзагъд цӕуы ӕфхӕрд сӕрибарӕй фӕцухы хуызы ӕртӕ азӕй дӕс азы онг ӕмгъуыдмӕ/