Республикӕ Хуссар Ирыстоны Генералон прокуратурӕ байгом кодта уголовон хъуыддаг республикӕйы Хъахъхъӕнынады министрады ӕфсӕддон службӕгӕнӕг, 1995 азы гуырд Мамиаты А.Ю. ныхмӕ, ст. 222 ӕмӕ ч. 3 ст. 30, ч. 1 ст. 105 УК УФ (ӕхсӕнгарз ӕнӕзакъон ӕвӕрдӕй, лӕг амарынмӕ хъавгӕйӕ) гӕскӕ.
2024 азы 5 октябры, 21.40 сахатмӕ ӕввахс Сталины уынджы Цхинвалы, ресторан "Минас"-ы цур, цы хъаугъа рауад, уым гуырысхойаг, йемӕ ӕнӕзакъонӕй цы дамбаца уыд, уымӕй фехста мидхъуыддӕгты оргӕнты хъыгдард баййафӕг кусӕджы гуыбын.
Генералон прокуратурӕйы аргъгонд ӕрцӕудзӕн мидхъуыддӕгты оргӕнты ӕндӕр кусӕджы архайдӕн, йӕ рады цы табелон ӕхсӕнгарз уыд, уымӕй риуыгуыдыры хай чи фехста, уый архайдӕн.
Уголовон хъуыддаджы фӕдсгарӕн сӕвӕрдтой Республикӕ Хуссар Ирыстоны Генералон прокуратурӕйы Фӕдсгарӕн управленийы слестгӕнӕг къордӕн. Ӕххӕстгонд цӕуынц хъӕугӕ мадзӕлттӕ, цы 'рцыд, уый ӕппӕт уавӕртӕ сбӕрӕг кӕнынӕн.