Абон Республикӕ Хуссар Ирыстоны Генералон прокуроры сӕрдариуӕггӕнӕг Собайты Григорийимӕ арӕзт ӕрцыд ӕмбырд, кæм райстой хайад республикӕйы Генералон прокуроры хӕдивджытӕ, Республикӕ Хуссар Ирыстоны Ӕфсӕддон прокурор, горӕты ӕмӕ районты прокурортӕ.
Мадзал арӕзт ӕрцыд ӕвзарӕн кампаниты ӕмгъуыдтӕм гӕсгӕ дыууӕ иухуызон ӕвзӕрстыты агъоммӕ: Республикӕ Хуссар Ирыстоны Президенты ӕмгъуыдагъоммӕйы ӕвзӕрстытӕ, кæцытæ нысангонд сты 2026 азы 18 сентябрмæ, æмæ Уæрæсейы Федерацийы Федералон Æмбырды нæуæм æрсидты Паддзахадон Думæйы депутатты æвзæрстытæ, кæцытæ ацæудзысты 2026 азы 18–20 сентябры.
Ӕмбырды рӕстӕджы ӕркастысты прокуророн цӕстдарды фӕрстытӕм ӕвзарӕн закъонӕвӕрынад ӕххӕст кӕнынмӕ, хъӕлӕс кӕнгӕйӕ закъондзинад ӕххӕст кӕнынмӕ, стӕй прокуратурон органты æмгуыстад хицауадон уагдæттимæ æмæ æвзарæнон процессы æндæр архайджытимӕ.
Хицӕн ӕргом здӕхт ӕрцыд, Республикæ Хуссар Ирыстоны зӕххыл æдзух чи цæры, уыцы Уæрæсейы Федерацийы æмбæстæгтæн Республикæ Хуссар Ирыстоны хъæлæс кæныны процессимæ баст фарстатæм. Æппæт Республикæйы дæр арæзт æрцæудзысты сæрмагонд æвзарæн хайæдтæ, цæмæй æвзæрстыты архайын уа ныффидаргонд фæткмæ гæсгæ.
Генералон прокурор бахæс кодта структурон хайæдты сæргълæуджытæн æмæ горæты æмæ районты прокурортæн ацы фадыджы цæстдарæн архайды æмбæлон организаци сифтонг кæнын, цӕмӕй уыцы здӕхты цӕстдарды архайд куыд ӕмбӕлы, афтӕ арӕзт ӕрцӕуа, бадзырдтӕм ӕмӕ гӕнаг уагхалӕнты тыххӕй хъусынгӕнинӕгтӕм афойнадыл ӕркӕсой, афтæ ма закъонмӕ гӕсгӕ рагзагъд прокуророн дзуаппы мадзӕлттӕ æвæстиатæй райсын.
Ӕмбырды хатдзӕгтӕм гӕсгӕ ист ӕрцыдысты организацион уынаффӕтӕ, кæцытæ здæхт уыдысты æвзæрстыты рæстæджы цæстдард фæтыхджындæр кæнынмæ: æвзарæнон закъондæттынад æххæст кæныны фæдыл æрбацæугæ информацийы мониторинг кæнын, цыфӕнды хæлдтытæн дӕр ӕвӕстиатӕй дзуапп дӕттын, æвзæрстыты цауты алы этапыл дæр закъон æххæст кæнынмæ цæстдард фæтыхджындæр кæнын, барадхъахъхъӕнӕг оргӕнтимӕ архайд координаци кӕнын, ӕмӕ ӕндӕр фарстаты фӕдыл уынаффæтæ.