Хуссар Ирыстоны Уæрæсейаг æхсæнад «Знание»-йы минæварады лектортæ прокуратурæйы кусджытæн дарддæр уадзынц лекцитæ. Цæстдарды уагдоны кусджыты раз раныхас кодта æхсæнады лектор, политикон зонæдты кандидат, ХИПУ-йы политологи æмæ социологийы кафедрæйы доцент Хъуылымбегты Линæ ахæм темæтыл: «Информацион хæст куыд гибридон хæсты хай» æмæ «Æвзæрстытæ Уæрæсейы: иумæйаг организаци, хъæлæс кæныны иумæйаг бон æмæ æвзарæн процессы хъахъхъæнынад».
Дыууæ темæ дæр æрбамбырдуæвджытæм сæвзæрын кодтой цымыдис. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæнæм, æхсæнад «Знание»-йы лекцитæ кæй цæудзысты цалдæр боны.