Республикæ Хуссар Ирыстоны Генералон прокуратурæйы Фæдысгарæн управлени райста уынаффæ, цæмæй уголовон хъуыддаг бакæной раздæры мидхъуыддæгты министр, милицийы инæлар-майор Наниты Игоры ныхмæ.
Уый азымджын цæуы йæ куысты бынатæй пайдагæнгæйæ йæхицæн фылдæр бартæ кæй лæвæрдта,уымæй. Ацы уголовон хъуыддагæн арæзт æрцыд хицæн рауагьд, Дзабиты Иналы амарды уголовон хъуыдджаджы факттыл æнцойгæнгæйæ.
Ныридæгæн ацы хъуыддаджы фæдыл ист цæуы æппæт æнæмæнгхъæуæг фæдагурæн архæйдтытæ.