2024 азы 6 августы Республикӕ Хуссар Ирыстоны Генералон прокуратурӕйы Фӕдсгарӕн фӕткдаруат байгом кодта уголовон хъуыддаг, 222-ӕм ст. 1 х. рагзагъд фыдракӕнды ӕууӕлтӕм гӕсгӕ ( ӕнӕзакъон амалкӕнынад, аласын, ласын, аласын кӕнӕ дарын ӕхсӕнгарз, йӕ сӕйраг хӕйттӕ ӕмӕ йӕм хӕцӕн ӕрмӕг) ӕмӕ х.1 ст. 105 УК УФ (лӕг амарын, ома ӕндӕр адӕймагӕн зонгӕ-зонын мӕлӕт ӕрхӕссын).
Рагагъоммӕйы фӕдсгӕрст куыд рабӕрӕг, афтӕмӕй 6 августы 2024 азы Цхинвалы районы Дменисы хъӕуы цӕрӕг, зӕрдӕхсайды бындурыл, йӕ цардӕмбалы амарыны фӕнд ӕм кӕй уыд, аласта йӕ Цхинвалы районы Хелчуайы хъӕуы цур цы хъӕдбын ис, уырдӕм, ӕмӕ йӕ уым ӕхсӕнгарзӕй фехста.
Йӕ фыдракӕнды фӕнд кӕронмӕ куы ахӕццӕ кодта, уӕд гуырысхойаг, йӕ мӕлӕты размӕйы видеофыст ныууадзгӕйӕ, йӕхи амардта.
Генералон прокуратурӕйы фӕдсгарӕн фӕткдаруат ӕххӕст кӕны хъӕугӕ фӕдсгарӕн мадзӕлттӕ, сӕ нысан рабӕрӕг кӕнын цауы ӕппӕт уавӕртӕ.