Республикӕ Хуссар Ирыстоны Генералон прокуратурӕйы Фӕдсгарӕн фӕткдаруат нӕ байгом кодта республикӕ Хуссар Ирыстоны Центрон ӕвзарӕн къамисы уӕнгты ныхмӕ уголовон хъуыддаг.
Ацы уынаффӕ хаст ӕрцыд республикӕйы политикон парти «Иугонд Ирыстон»-ы курдиаты рагагъоммӕ басгӕрсты фӕстиуджытӕм гӕсгӕ, кӕцыйы хъастгӕнӕг амыдта, зӕгъгӕ, республикӕ Хуссар ирыстоны Парламенты ӕстӕм ӕмбырды депутатты ӕвзӕрстыты хъӕлӕскӕнынады фӕстиуджытӕ раст бӕрӕггондкӕй не 'рцыдысты, уый тыххӕй.
Республикӕ Хуссар Ирыстоны ЦИК 2024 азы июны хъӕлӕсты нымады методикӕ ӕмӕ хъӕлӕслӕвӕрды хатдзӕгтӕ бӕрӕг кӕныны фӕтк ӕххӕстӕй ӕмхуызон сты 2019 азы Республикӕ Хуссар Ирыстоны Парламенты депутатты ӕвзӕрстыты рӕстӕджы цы хъӕлӕслӕвӕрды бӕрӕггӕнӕнтӕй спайда кодта, уыдоны методикӕйӕимӕ, ӕмӕ уый дзурӕг у Республикӕ Хуссар Ирыстоны Парламенты депутатты ӕвзӕрстыты хъӕлӕслӕвӕрды хатдзӕгтӕ бӕрӕг кӕныны фӕткыл.