Республикӕ Хуссар Ирыстоны Президент Хъамболты Мараты фӕдзӕхстмӕ гӕсгӕ Республикӕ Хуссар Ирыстоны Генералон прокуратурӕ ауагъта басгæрст кодта бюджетон ӕхцайы фӕрӕзтӕ, Хуссар Ирыстоны Ленингоры районы Цъинагары хъӕуы цы рӕвдауӕндон ис, уый цалцӕг кӕнгӕйӕ.
Куыд рабӕрӕг, афтӕмӕй 2020 азы Ленингоры районы Администраци ӕмӕ Паддзахадон унитарон куыстуат "Цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады управлени» - ы ӕхсӕн арӕзт ӕрцыд бадзырд хуссар Ирыстоны Ленингоры районы Цъинагары хъӕуы сывӕллӕтты рӕвдауӕндоны агъуыст цӕугӕ цалцӕг кӕныны тыххӕй.
Фӕлӕ, Паддзахадон унитарон куыстуат "Цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады управлени» йӕхимӕ цы хӕстӕ райста, уыдон ӕххӕстӕй нӕ сӕххӕст кодта, бюджетон ӕхцайы фӕрӕзтӕ сайыны руаджы давгӕйӕ, контракты рагзагъд куыстытӕ ӕцӕг ӕххӕст кӕныны тыххӕй мӕнг зонӕнтӕ кӕм ис, ахӕм гæххæттытæ бавдисгӕйӕ.
Уымӕ гӕсгӕ Республикӕ Хуссар Ирыстоны Генералон прокуратурæйы Фæдагуырды хайад байгом кодта уголовон хъуыддаг, Уӕрӕсейы Федерацийы Уголовон кодексы 159 уацы 3 хайы рагзагъд фыдракӕнды миниуӕгмӕ гӕсгӕ (цӕстфӕлдахӕн ми, ома искӕй мулк сайыны руаджы давын, адӕймаг йӕ службӕйон уавӕрӕй пайда кӕнгӕйӕ цы фыдракӕнд сарӕзта, уый).
Уголовон хъуыддаджы цыд ӕмӕ фӕдсгӕрстмӕ Республикӕ Хуссар Ирыстоны Генералон прокуратурӕ цæстдард æххæст кæны.
Уӕрӕсейы Федерацийы Уголовон Кодексы 159 уацы 3 хайы санкцийы рагзагъд цӕуы ӕфхӕрд ахӕстоны æхсæз азы онг бадын.