Республикӕ Хуссар Ирыстоны Генералон прокуратурӕйы куырдиатмӕ ӕркасты хатдзӕгтӕм гӕсгӕ Ленингоры районы администрацийы сӕргълӕууӕджы ныхмӕ ӕвзӕрст ӕрцыд уромӕн мадзал ахсты хуызы.
Куыд хъусын кодта Генералон прокуратурæ, амынд бӕрнон кусӕджы ныхмӕ гом æрцыд уголовон хъуыддæгтæ.
Куыд рабӕрӕг, афтӕмӕй 2024 азы Ленингоры районы хæдтулгæйы фӕндӕгтӕ дарыны тыххӕй муниципалон контракт ӕххӕст кӕнгӕйӕ уагъд ӕрцыдысты, ӕцӕгдзинадӕй ӕххӕстгонд чи нӕ цыд, уыцы куыстытӕ ӕххӕст кӕныны тыххӕй мӕнг документтӕ аразыны ӕмӕ бюджетон фӕрӕзтӕ раст хардз кӕныны фӕдыл уагхалӕнтӕ.
Уголовон хъуыддӕгты ӕрмӕджытӕм гӕсгӕ районы администрацийы сӕргълӕууӕг гуырысхо кӕны, УФ УК 285 уацы 2 хайы ӕмӕ УФ УК 292 уацы 1 хайы рагзагъд фыдракӕндты.
Уголовон хъуыддаджы уавӕртӕ хынцгӕйӕ, стӕй Республикӕ Хуссар Ирыстоны Генералон прокуратурӕйы куырдиаты цы ӕвдисӕндартӕ ис, уыдон хынцгӕйӕ, тӕрхондон рахаста уынаффӕ, цӕмӕй гуырысхойаджы ныхмӕ ӕвзӕрст ӕрцӕуа мадзвл ахсты хуызы.
Уголовон хъуыддӕгты фӕдсгӕрсты цыдмæ Республикӕ Хуссар Ирыстоны Генералон прокуратурӕ йæ хъус дары.