Республикӕ Хуссар Ирыстоны Генералон прокуроры фыццаг хӕдивӕг Кожиты Сослӕнбег фембæлд Ленингоры районы цæрджытимæ. Цæрджытæ цы фыццаградон фарстатæ рахастой, уыдоны сӕйраг тематикӕ хауд районы ӕппӕты актуалондӕр проблемӕтӕм, фӕндагон инфраструктурӕ куыд ӕмбӕлы, афтӕ дарыны, цалцӕггӕнӕн-ноггӕнӕн куыстытӕ афоныл ӕххӕст кӕныны ӕмӕ цæуынæн æдас уавæртæ саразынмæ.
Райсты рӕстӕджы æмбæстæгтæ фӕнысан кодтой фæндагон хызæджы фæлгæтты бæлвырд проблемон бынæттæ æмæ æрдомдтой, цæмæй мадзæлттæ арæзт æрцæуой уыцы цухдзинæдтæ аиуварс кæныны тыххæй.
Генералон прокуроры фыццаг хӕдивӕг бахахх кодта, фӕндӕгты уавӕры фарстатӕн канд хӕдзарадон нӕ, фӕлӕ ма ахсджиаг социалон ахадындзинад дӕр кӕй ис, уымӕн ӕмӕ комкоммӕ æндавынц æмбæстæгты бартæ ӕмӕ закъонон интерестӕ, ахадынц фӕндагон змӕлды ӕдасдзинадыл ӕмӕ социалон объектты ӕнцонвадатыл.
Ацы тыхстдзинæдтæн дзуаппæн райдыдта прокуратурæйы æркаст; йӕ хатдзӕгтӕм гӕсгӕ лӕвӕрд ӕрцӕудзӕн принципиалон аргъ закъонӕвӕрынады домӕнтӕ ӕххӕст кӕнынӕн ӕмӕ, автомобилон фӕндӕгтӕ дарыны бӕрнон чи у, уыцы бӕрнон кусджыты архайдӕн (ӕнӕбынат архайдӕн). Закъоны хӕлдтытӕ сбӕрӕг кӕнгӕйӕ, ӕххӕстгонд ӕрцӕудзысты прокуророн дзуаппы мадзӕлттӕ, сӕ аиуварс кӕныны ӕмӕ аххосджынты закъонмӕ гӕсгӕ дзуапдӕттӕг скӕныны тыххӕй. Куырдиæттæм æркасты цыд æмæ йæ фæстиуджытæм Генералон прокуратурæйы разамынад сæвæрдта цӕстдард.