Республикӕ Хуссар Ирыстоны Генералон прокурор Собайты Григорий Республикӕ Хуссар Ирыстоны Генералон прокуратурӕйы коллегийы рабадты бахӕс кодта дӕлбӕрны прокурортӕн, цӕмӕй рахӕссой фӕндон нывӕстӕн ӕттейӕ республикӕйы организациты Уӕрӕсейы Федерацийы Федералон казнайады басгӕрстыты фӕстиуджыты фӕдыл; фыдракӕнды мидис кӕмӕн ис, хицӕн бӕрнон адӕймӕгты уыцы архайдтыты фӕдыл ӕрмӕджытӕ арвыстӕуӕд Республикӕ Хуссар Ирыстоны Генералон прокуратурӕйы Фӕдысгӕрсты разамынадмӕ.
Финанстӕ, кадртӕ ӕмӕ ӕндӕрты уагфехӕлды тыххӕй та дзуапп дӕттын хъӕуы бавдыстытӕ ӕмӕ прокуророн дзуапплӕвӕрды ӕндӕр актыты фӕрцы, сбӕлвырдгонд фӕткхалӕнтӕ иуварс куыд цӕуынц, уымӕ ӕнӕмӕнг хъус даргӕйӕ. Фӕткхалӕнтӕ аиуварс кӕныны хӕс ӕвӕрд цы бӕрнон адӕймӕгтыл ис ӕмӕ сӕ прокуророн дзуапплӕвӕрды ӕмгъуыдмӕ афоныл чинӕ сӕххӕст кӕна, уыдон хъуамӕ ӕфхӕрд цӕуой административон фӕткыл.