Республикæ Хуссар Ирыстоны Генералон прокурор Дзæгъиаты Уырызмæг æрæджы Цхинвалы районы администрацийы кусджыты базонгæ кодта ацы районы ног прокурор, юстицийы кæстæр уынаффæгæнæг Уалыты Аланы. Мадзалы хайад райстой Цхинвалы районы администрацийы сæргълæууæг Мамытаты Вахтанг, йæ хæдивджытæ, хъæууон администрациты сæргълæуджытæ, районы мидхъуыддæгты управленийы къухдариуæггæнæг æмæ прокуратурæйы кусджытæ.
Дзæгъиаты Уырызмæджы цæст бауарзта ног снысангонд прокурорæн æнтыстджын куыст йæ ног бынаты. Ныфс бавæрдта нысанмæздæхт куыст æмæ архайдæй районы хæрзæбонæн.
Уалыты Аланæн ацы куыст æнæзындгонд нæу, республикæйы прокуратурæйы органты службæ кæны къорд азты. Контрактмæ гæсгæ 2010-2011 азты куыста УФ-йы Мидхъуыддæгты органты мидæггагон æфсæдты Цæгат Ирыстон-Аланийы. У Уæрæсейы Федерацийы æфсæддон архайдтыты ветеран, хайад иста Республикæ Мæхъæл æмæ уымæ æввахс территорийыл сæрмагонд операциты. Алы рæстæджыты службæ кодта алыгъуызон бынæтты — Республикæ Хуссар Ирыстоны Генералон прокуратурæйы Фæдагурæн управленийы, куыста Цхинвалы районы прокуроры хæдивæгæй. 2020-2021 азмæ та куыста Цхинвалы районы прокуроры хæстæ æх-хæстгæнæгæй.
Йæ службæйон хæстæ цæсгомджынæй æххæст кæныны тыххæй бирæ хæттыты хорзæхджын æр-цыд паддзахадон æмæ ведомствæйон хорзæхтæй: Республикæ Хуссар Ирыстон расидыныл 25 азы сæххæсты цытæн майданæй, «Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы» майданæй, Кады грамотæтæй.
Мадзалы рæстæджы Уалыты Алан банысан кодта, зæгъгæ, куыстимæ зонгæ у, æмæ æппæтдæр араздзæн, цæмæй куыст æмбæлон здæхты цæуа.