Республикӕ Хуссар Ирыстоны Генералон прокурор Собайты Григорий Республикӕ Хуссар Ирыстоны Генералон прокуратурӕйы коллегийы рабадты республикӕйы Генералон прокуратурӕйы сӕйраг аппараты прокурортӕн радта хӕс, цӕмӕй горӕт ӕмӕ районты фӕкарздӕр кӕной адӕмы ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнын, медицинон ӕххуыс исын ӕмӕ сӕ хостӕй ифтонг кӕныны бартӕ ма халынмӕ хъусдард. Генералон прокуратурӕйы хъусдарӕг дӕлхӕйттӕн бахӕс чындӕуыди, цӕмӕй мӕйы ӕмгъуыдмӕ фӕуой сгӕрст ацы фадыджы. Сгӕрсты рӕстӕджы уӕлдай хъусдард аздӕхтӕуӕд, медицинон уагдӕттӕ барӕй кӕй зыгъуыммӕ кӕнынц ӕнӕмӕнгхъӕуӕг хосгӕнӕн ӕмӕ хардзы ӕрмӕджыты нымӕц, уымӕ, стӕй басгӕрстӕуӕд, хостӕ куыд ӕмӕ цӕй бӕрц хардз ӕмӕ ӕлхӕд цӕуынц, сӕ рауӕйгӕнджытӕй райдайгӕ ӕмӕ рынчынтӕй фӕугӕйӕ.
Собайты Григорий банысан кодта, зӕгъгӕ хыгъддон ӕмгъуыды дӕргъы медицинон уагдӕтты хостӕ ӕмӕ хардзы ӕрмӕджытӕй ифтонгады къуылымпытӕ республикӕйы ӕмбӕстӕгты тыхсын кодтой ӕппӕтӕй тынгдӕр. Социалон хызӕгты мониторинг ӕмӕ прокуратурӕйы органтӕм цӕрджыты хъӕстыты фӕрцы нӕ бӕрны уагдоны хъусдард йӕхимӕ здӕхта ацы фарст. 2023 азы фыццаг ӕмбисы республикӕйы Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнын ӕмӕ социалон рӕзты министрадмӕ прокуратурӕйы органтӕ бахастой 4 бавдысты.