Республикæ Хуссар Ирыстоны Генералон прокурор Собайты Григорийы разамындæй уагъд æрцыд æмбæрд республикæйы районты прокурортимæ. Фембæлды ма хайад райстой Республикæ Хуссар Ирыстоны Генералон прокуратурæйы хæдивæг Къæбулты Тигран æмæ Республикӕ Хуссар Ирыстоны Генералон прокуратурӕйы закъонтӕ ӕххӕст кӕныны ӕмӕ барадон актты ӕххӕсткӕнынадмӕ цӕстдарды хайады ӕрдз хъахъхъӕныны къабазы закъонтӕм цӕстдарды хистӕр прокурор Хъæцмæзты Владислав. Фембæлды рæстæджы ныхас цыд хъӕд ӕнӕзакъонӕй акалыны фарстыл хъармгӕнӕн афонмӕ цӕттӕ кӕныны рӕстӕджы.
Фембæлды рæстæджы прокурортæ æрдзырдтой ахæм фарстытыл, куыд æнæхън хъӕддзауты ныццӕгъдын, иу билетӕй цалдӕр хатты пайда кӕнын, хъӕдысӕрмӕ фӕндаг айгӕрдын ӕмӕ ӕндӕртыл.
Собайты Григорий банысан кодта стыр хъусдард кæй хъæуы ардахын фæдзæхст зонæты хъæд бахъахъхъæнынмæ. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæнæм, ахæм зонæтæй кæй ис республикæйы Цхинвалы, Знауыры æмæ Ленингоры районты.
Собайты Григорий бахæс кодта республикæйы районты прокуратурæты къухдариуджытæн цæмæй бынæттон органты минæвæрттимæ æмбырдтæ саразой æмæ аныхас кæной ацы фарсты фæдыл цæсдард фæтынгдæр кæныны фæдыл.
Фембæлды рæстæджы уæлдай хъусæздæхт уыд хъæд цæгъдыны билеттæ самал кæныны фарстмæ, хъӕдгуыст кӕныны фидар фӕтк ӕххӕст кӕнын ӕмӕ ӕрдзхъахъхъӕныны закъонӕвӕрынад хæлд ма цæуа.
Ӕмбырды хатдзӕгтӕм гӕсгӕ лӕвӕрд ӕрцыдысты ӕмбӕлон фӕдзӕхстытӕ, Сӕ нысан у Республикæ Хуссар Ирыстоны хъӕды ресурстӕ хъахъхъӕныны къабазы закъонӕвӕрынад куыд ӕххӕстгонд цӕуы, уымӕ цӕстдард фӕтыхджындӕр кӕнын.