Республикӕ Хуссар Ирыстоны Генералон прокурор Собайты Григорий ӕхсӕнадӕмон барадон ӕмгуыстады фӕдыл Республикӕ Хуссар Ирыстоны Генеалон прокуратурӕйы колегийы рабадты Республикӕ Хуссар Ирыстоны Генералон прокуратурӕйы разамынадӕн бахӕс кодта, цӕмӕй ӕхсӕнадӕмон ӕмӕ ӕхсӕнбӕрнадон бастдзинӕдты фӕлгӕтты хуыздӕр чындӕуа барад хъахъхъӕнӕг органты ӕмархайды системӕ.
Хъуамӕ арфдӕр кӕна Уӕрӕсейы Федерации, Абхаз ӕмӕ ӕндӕр хӕларадон бӕстӕты нӕ коллегӕтимӕ ӕмгуыстад. Собайты Григорий банысан кодта: «Хуссар Ирыстоны Прокуратурӕйы органтӕн цы барадон ӕххуыс чындӕуы ӕндӕр бӕстӕты коллегӕты ӕрдыгӕй, уымӕн аргъ нӕй закон ӕмӕ барвӕтк фидар кӕныны хъуыддаджы. Хӕссын фӕндон, цӕмӕй ӕмгуыстады фарстытӕм ӕркастӕуа, канд нӕ къухы уӕвӕг бадзырдтӕ ӕмӕ куысты дыууӕрдӕмы принципы фӕлгӕтты нӕ.Уыдонӕй уӕлдай ма-иу саразӕм, зӕгъӕм, тӕрхон рахаст ӕмӕ тӕрходӕтты фӕндӕттӕ кӕрӕдзи ӕхсӕн нымайыны фадат чи дӕтты, ахӕм ног бадзырдтӕ ӕмӕ сразыдзинӕдтӕ дӕр. Законы хӕрзиуӕгӕн ӕмархайд ӕмӕ бастдзинӕдтӕ сфидар кӕныны тыгъдадыл азххссӕн дӕр нӕй…»