Республикӕ Хуссар Ирыстоны Генералон прокурор Собайты Григорий Республикӕ Хуссар Ирыстоны Генералон прокуратурӕйы коллегийы рабадты фехъусын кодта, зӕгъгӕ, экономикон ӕмӕ уыцы нымӕцы хъалонты фӕдыл фыдракӕндты фӕдысгӕрсты сӕйраг хӕс у, бюджетон системӕйӕн йӕ зиан ӕрбаздахын: «Давыныл ахуыр бӕрнон лӕгтӕ ӕвӕндонӕй здахынц сӕ давӕггаг, ӕмӕ уый тыххӕй фӕдысгарӕг органтӕн хӕс кӕнын, цӕмӕй ӕппӕт хъарутӕ дӕр ӕрӕвӕрой фыдракӕнды амалӕй ссаргӕ исбон рабӕлвырд кӕныны тыххӕй, кӕд фӕсарӕйнаг бӕстӕйы територийыл ис, уӕддӕр. Давӕггаг раздахыныл разы чинӕ у, уыдон ныхмӕ та архайдӕуӕд иттӕг карз, фӕлӕ законӕй амынд амалӕй. Уыимӕ сын ӕмбарын кӕнын хъӕуы, сӕ ракӕнгӕ зиан ӕххӕстӕй куы баздахой, уӕд сын уый кӕй уыдзӕн рогдӕргӕнӕг фадат. Науӕд та сӕ уголовон фӕдылзылд бынтондӕр ӕруромыны бындур, фӕсмоны архайд куы равдисой, уӕд».
2023 азы фыццаг ӕмбисы Республикӕ Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддӕгты министрады фӕдысгарӕн разамынады сбӕрӕггонд уголовон хъуыддӕгты фӕдыл ӕмбӕстӕгтӕн раздӕхтӕуыд 1 856 000 сомы. 4 965 650 раздӕхтӕуыд прокуратурӕйы органты фӕдысгарӕн куысты рӕстӕджы.