Арфӕйы сӕрмагондӕй загъдӕуы:
«Цытджын Владимиры фырт Алыксандр! Республикæ Хуссар Ирыстоны Генералон прокуратурæйы æппæт коллективæй æмæ сæрмагондæй мæхицæй айс зæрдæбын арфæтæ, Уæрæсейы Федерацийы Генералон прокуроры бынатмæ дæ кæй снысан кодтой, уый фæдыл. Ахæм бæрнон бынатмæ дæ кæй снысан кодтой, уый у дæ бæрзонд профессионализмы банымад. Уырны мæ, дæ архайд ног бæрнон бынаты æххæстæй фадат ратдзæн, цы фæлтæрддзинад æмæ зонындзинæдтæ æрæмбырд кодтай, уыдон æхъаз фæуыдзысты закъон æмæ рæстдзинады иудзинад фидар кæныны стыр æнтыстдзинæдтæ къухы бафтыны хъуыддаджы, закъон куыд æххæстгонд цæуы, уымæ ахадгæ цæстдард сифтонг кæныны. Нæ зæрдæтæ дын зæгъынц æнтыстытæ алы райдианы, хъару æмæ бирæ тыхтæ нысангонд пъланты, хорздзинад æмæ фарн. Ныфс æвæрæм нæ уагдæтты æхсæн æнтысджын æмгуыстад адарддæр кæнынмæ. Цытимæ, Республикæ Хуссар Ирыстоны Генералон прокурор Собайты Григорий.»