Республикæ Хуссар Ирыстоны Генералон прокурор Собайты Григорий арфæ арвыста Республикæ Абхазы Генералон прокурор Адгур Агрбайæн национ бӕрӕгбоны фӕдыл – Уӕлахиз æмӕ Хӕдбардзинады боны.
Арфæйы дзырд цæуы:
«Нæ паддзахадты хъысмæттæ бирæ цæмæйдæрты æмхуызон сты. Агрессийæ куы фервæзтыстæм, уæд æрбангом стæм, бафæрæзтам карз фæлварæнтæ æмæ фæуæлахиз стæм. Хæдбардзинады фæндаг зын æмæ даргъ уыд, фæлæ абхазаг адæмы удуæлдай тох равдыста уды тых æмæ æппæтнацион æнгомдзинад.
Абон Абхаз цæры сабырдзинады æмæ æмзæрдæйæ, парахат кӕнынц ӕппӕтадӕмон ӕмгуыстад сӕ райгуырӕн зӕххы дарддӕры бӕркад ӕмӕ фарнӕн.
Зæрдæбынæй дын зæгъын фидар æнæниздзинад, фарн, æнтыстытæ, æфсымæрон абхазаг адæмæн та – амонд æмæ бæркад».