Цытджын æмбæстæгтæ!
Арфæ уын кæнын Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинады Акты расидыны 33-æм азы цытæн.
Хуссар Ирыстон даргъ зынвæндаг рацыд паддзахад суæвыны сæраппонд, ныфсджынæй æмæ хъæбатырæй æмбæлдис алы зындзинадыл дæр.
1992 азы зæрдæвæрæны мæйы 29-æм бон Хуссар Ирыстоны историйы у иууыл сæйрагдæр æмæ ахсджиагдæр цаутæй сæ иу. Ацы бон нымад у Республикæ Хуссар Ирыстоны паддзахады бындурæвæрыны бон.
1992 азы Паддзахад Аданийы историйы бирæ цаутæ æрцыд, кæцытæ расидтой республикæйы Уæлдæр Цæдисы архайджыты хæдбардзинады акт бафыссын.
Хуссар Ирыстоны депутатты ныфс нæ басастой уæззау уавæртæ æмæ Гуырдзыстоны хицауады уæлазар дæр. Ирон адæмы фæнд равдисынæн, уыдон слæууыдысты сæрибары фæндагыл.1992 азы зæрдæвæрæны мæйы 29-æм бон цы уынаффæ хаст æрцыд, уый фæбæрæг кодта Хуссар Ирысоны ног дуджы райдиан – сæрибар æмæ хæдбардзинады дуг. Бæрæгбоны хорзæх уæ уæд!