Зынаргъ ӕмкусджытӕ, ӕмӕ ветерантӕ!
Фыдыбӕстӕ хъахъхъӕнӕджы боны цытæн зӕрдиаг арфӕтӕ райсут!
Ацы бӕрӕгбон у, алы дугты йӕ райгуырӕн бæстæ хъахъхъӕнынмӕ чи сыстад, йӕхи цард ӕмӕ ӕнӕниздзинады аргъӕй йӕ адӕмы сӕрибардзинад, хӕдбардзинад ӕмӕ намыс чи хъахъхъӕдта, уыдонӕн се 'ппӕтӕн дӕр арф кад кӕныны нысан. Абон мах кад кӕнӕм ӕфсӕддонтӕн, сӕрмагонд хӕстон операцийы хайадисджытæн, тыхон ӕмӕ барадхъахъхъӕнӕг оргӕнты кусджытӕн, æдасдзинад æмæ барадхъахъхъæнæг органты уæнгтæн, стæй æппæт уыцы адæймæгтæн, кæцытæ хъахъхъæнынц сабырад, барад æмæ фæтк, æрвылбон ифтонг кæнынц æмбæстæгты æдасдзинад æмæ паддзахады стабилондзинад, сæ хæс кад æмæ хъæбатырдзинадæй æххæст кæнгæйæ, национ интерестæ æмæ адæмы сабыр цард хъахъхъæнгæйæ.
Фыдыбӕстӕ хъахъхъӕнджыты рӕнхъы кӕддӕриддӕр уыдысты ӕмӕ дзы дарддӕр дӕр аккаг бынат ахсынц прокуратурӕйы оргӕнты кусджытӕ. Фыдыбӕстӕ хъахъхъӕнын у нӕ алкӕйы бӕрн, фӕнды профессионалон къабазы уӕд, фӕнды æрвылбонон царды, бинонтыл ӕмӕ хионтыл аудыны хъуыддаджы. Махӕн пъагӕттӕ сты бӕрзонд лӕггады нысан. Мах лӕууӕм закъон ӕмӕ конституцион фӕткыл, хъахъхъӕнӕм адӕмы бартӕ, ӕхсӕнад ӕмӕ паддзахады интерестӕ. Махӕй бирӕтӕ зынгӕй фӕлварӕнтӕ скодтой 1990-ӕм, 2004 ӕмӕ 2008 азты, ирон адӕм гуырдзиаг агрессорӕн фидар ныхкъуырд куы радтой, уӕд. Ацы иумӕйаг хабар нӕ ӕнгомдӕр кӕны ӕмӕ нын нӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕны: сабырдзинад ӕмӕ фидардзинад домынц иудадзыг хъахъхъӕнын. Махæй алчидæр йæ хайбавæрд хæссы иумæйаг хъуыддагмæ, йӕ хӕстӕ цæсгомджынæй æххæст кæнгæйæ, хионтыл аудгӕйӕ ӕмӕ бӕстӕйы рӕзт ӕмӕ бӕркады сӕраппонд кусгӕйӕ. Мах цӕттӕ стӕм дарддӕр дӕр нӕ мисси ӕххӕст кӕнынмӕ, ӕхсӕнад ӕмӕ паддзахады интерестӕ хъахъхъӕнгӕйӕ.
Зынаргъ ӕмбӕлттӕ! Зӕрдӕбынӕй уын арфӕ кӕнын Фыдыбӕстӕ хъахъхъӕнӕджы боны цытæн! Уе 'ппӕтӕн дӕр мӕ зӕрдӕ зӕгъы фидар ӕнӕниздзинад, æнæфæцудгæ фидардзинад, куысты ӕнтыстдзинӕдтӕ ӕмӕ фарн уӕ бинонтӕн!