Генералон прокуратурӕйы уагъд æрцыд ӕмбырд Республикӕ Хуссар Ирыстоны прокуратурӕйы кусӕджы бон бӕрӕг кӕныны фӕдыл. Республикӕ Хуссар Ирыстоны Генералон прокурор Собайты Григорий йе 'мкусджытӕм фӕдзырдта арфӕйыныхас, фӕбӕрӕг кодта прокуратурӕйы кусджыты профессионалон архайды ахадындзинад, йӕ нысан – закъондзинад сифтонг кӕнын ӕмӕ æмбæстæгты бартӕ ӕмӕ закъонон интерестӕ хъахъхъӕнын.
Æмбырды рӕстӕг хорзӕхджынгонд ӕрцыдысты прокуратурӕйы кусджытӕ, кӕцытӕ фесгуыхтысты сӕ службӕйы хӕстӕ ӕххӕст кӕнгӕйӕ.
Кæфты мæйы 1 бон ахсы сӕрмагонд бынат хуссарирыстойнаг прокуратурӕйы равзӕрды историйы; уыцы бон 1923 азы райдыдта прокуратурӕйы архайд Хуссар Ирыстоны зӕххыл.
Арфӕ кӕнӕм прокуратурӕйы кусджытӕн, службӕйы ветерантӕн ӕмӕ, республикӕ ХуссарИрыстоны прокуратурӕйы оргӕнты рӕзтмӕ йе 'ххуысы хай чи бахаста, уыдонӕн, прокуратурӕ йыкусӕджы Боны фӕдыл! Нӕ зӕрдӕ зӕгъы фидар ӕнӕниздзинад, фарн ӕмӕ ӕнтыстдзинӕдтӕ профессионалон архайды.