Дзабиты Иналы, кæцы МХМ-йы криминалон милицийы бафарстты фæстæ амард, уымæн йæ бинойнаг домы уæрæсейаг специалисты медицинон иртасæн хъуыддагæй аиуварс кæнын.
Прокуратурæ куырдиат райста 10 сентябры. Йæ куырдиаты Соттиты Оксана нысан кæны йæ дызæрдыгдзинад уæрæсейаг хуынд специалист Сергей Груздевы объективон куысты фæдыл æмæ хаты уый хъуыддагæй аиуварс кæнын. Республикæ Хуссар Ирыстоны Генпрокуратурæ хъусын кæны, куырдиатæн закъонон æмгъуыды лæвæрд кæй æрцæудзæн дзуапп æмæ йын эксперт Зæгъойты Зæринæйы цур бамбарын кæндзысты уæрæсейаг эксперты цæмæн бахъуыд фæхонын консультанты хуызы.
Уыимæ иумæ, Дзабиты Иналы бинойнагæн фенын кæндзысты эксперт хатдзæг кæй нæ сараздзæн, уый фæдыл документ æмæ уæлæмхас ахуырты фæдыл документаци.