2023 азы 1 марты Республикӕ Хуссар Ирыстоны Ӕфсӕддон прокуратурӕ Цхинвалы районы тӕрхондонмӕ арвыста Республикӕ Хуссар Ирыстоны Хъахъхъӕныны министрады дыууӕ ӕфсӕддон кусӕджы ныхмӕ уголовон хъуыддаг. Уыдон азымджын чындӕуыд УФ УК 158 статьяйы «а» ӕмӕ «б» хӕйтты амынд уголовон фыдракӕнды.
Ӕфсӕддон кусджытӕ ӕркондӕуыдысты уголовон бӕрндзинадмӕ АЗС ЮОТК «Приоритет»-ы ӕхцайы фӕрӕзтӕ адавыны тыххӕй.