14 майы Цӕгат Ирыстоны, Республикӕ Хуссар Ирыстоны Генералон прокуратурӕ ӕмӕ Уӕрӕсейы Федерацийы Генералон прокуратурӕйы ӕхсӕн ӕмгуыстады Программӕйы фӕлгӕты арӕзт ӕрцыд тымбыл фынг. Уӕрӕсейы Федерацийы цӕстдарды Генералон прокуратурӕйы ӕмӕ Республикӕ Хуссар Ирыстоны Генералон прократурӕйы кусджытӕ ӕрныхас кодтой Уӕрӕсейы ӕмӕ Хуссар Ирыстоны хӕдзарон тыхмиты ныхмӕ тохы актуалон фарстатыл, стӕй ӕнахъом сабиты бартӕ хъахъхъӕныны ӕмӕ сывӕллӕтты ныхмӕ цы фыдракӕндтӕ цӕуы, уыдоны ныхмӕ мадзӕлттыл.
Республикӕ Хуссар Ирыстоны прокуратурӕйы делегацийы сӕргъы ӕрлӕууыд Генералон прокуроры хӕдивӕг Къӕбулты Тигран.
Делегацийы сконды уыдысты Ӕлборты Альбинӕ Генералон прокуратурӕйы закъонтӕ ӕххӕст кӕнынмӕ ӕмӕ барадон актты закъонмӕ цӕстдарды хайады хистӕр, Арсойты Аленӕ Генералон прокуратурӕйы закъонтӕ ӕмӕ барадон актты закъонтӕм цӕст дарыны хайады прокурор ӕмӕ Хуыбылты Фатимӕ Генералон прокуратурӕйы ӕппӕтадӕмон-барадон ӕмгуыстады Фӕткдаруаты хистӕр прокурор.
Тымбыл стъолы куысты архайдтой Уӕрӕсейы Федерацийы Генералон прокуратурӕйы минӕвӕрттӕ, сӕ сӕргъы лӕууыд Уӕрӕсейы Федерацийы Генералон закъонӕвӕрынадмӕ цӕстдарды фӕткдаруаты хицауы хӕдивӕг Алексей Кострюков.
Арфӕйы ныхасимӕ мадзалы архайджытӕм баздӕхтысты Алексей Кострюков ӕмӕ Къӕбулты Тигран. Программӕйы уыд раныхӕстӕ ахӕм темӕтыл: "Республикӕ Хуссар Ирыстоны хӕдзарон тыхмиты тыхмӕ тохы мадзӕлттӕ", "Ӕнахъомты бартӕ хъахъхъӕнын, сывӕллӕтты ныхмӕ цы фыдракӕндтӕ ӕмӕ фыдракӕндтӕ цӕуы, уыдоны ныхмӕ лӕууын", "Хӕдзары тыхмиты ныхмӕ Уӕрӕсейы", "Ӕнахъомты бартӕ тӕрхондоны хъахъхъӕнын", "Ӕнахъомты бартӕ хъахъхъӕнын уголовон хъуыддӕгты тӕрхондоны мидӕг бинонты тыхмимӕ баст фыдракӕндты тыххӕй".
Фембӕлды фӕстиуӕгӕн архайджытӕ ӕрцыдысты ахӕм хатдзӕгмӕ, зӕгъгӕ, бинонты тыхмитӕ баззайынц фыдракӕндты иууыл ӕмбӕхстдӕр хуызтӕй иу, бинонты ӕхсӕн тыхми ӕмӕ быцӕуты профилактикӕйы иумӕйаг системӕ нӕй. Уӕлдай хъусдард уыди барадон ӕмӕ организацион барӕнтыл ӕрдзурынмӕ, ӕмӕ уыдон къуылымпы кодтой хӕдзары тыхмитӕй куыст. Архайджытӕ сӕ хъуыдытӕ загътой закъонад фӕхуыздӕр кӕныны ӕмӕ уыцы фадыджы практикон куыст фӕхуыздӕр кӕныны фӕндӕгтыл.
Бинонты тыхмийы проблемӕ ӕхсӕнадӕн ӕмӕ паддзахадӕн карз кӕй у, уымӕ гӕсгӕ бахахх кодтой, барадхъахъхъӕнӕг оргӕнты, тӕрхоны хицауады ӕмӕ ахуырадон уагдӕтты тыхтӕ иугӕнӕг ныхмӕлӕуды комплексон системӕ саразын кӕй хъӕуы, уый. Ахӕм системӕ хъуамӕ сифтонг кӕна ӕппӕт интересты ӕмуд архайд бинонты тыхмийы ныхмӕ.