2025 азы 25 февралы, 17.30 сахатмӕ ӕввахс Цхинвалы Гуыбаты Ӕфсымӕрты уынджы, раздӕры дзидзайы комбинатмæ æввахс, 1994 азы гуырд Цхинвалы районы Хетӕгкаты хъӕуы цӕрӕг ӕхсӕнгарзӕй фехста мидхъуыддӕгты оргӕнты кусæгæн йæ рахиз къахы фадхъул.
Уый фӕстӕ уыцы бынатӕй ацыд, йæхи бамбæхста. Цау ӕрцыд хъаугъайы тыххӕй; гуырысхойаг мидхъуыддӕгты оргӕнты кусæгы профессионалон архайдимӕ баст нӕ уыд.
Ныртӕккӕ ацы цауы фӕдыл Республикӕ Хуссар Ирыстоны прокуратурӕйы фӕдсгарӕн фӕткдаруат байгом кодта уголовон хъуыддаг. Гуырысхо кӕуыл кодтой, уый ӕрцахстой, ӕхсӕнгарз байстой. Тӕрхондонмӕ цӕттӕгонд цӕуы куырдиат, цӕмӕй ӕрцӕуа ахст.
Цӕуынц хъуыддаджы ӕппӕт уавӕрты нысан-сбӕрӕг кӕныны мадзӕлттӕ.