Цытджын коллегӕтӕ ӕмӕ прокуратурӕйы органты ветерантӕ!
Айсут ӕппӕты зӕрдиагдӕр арфӕтӕ уӕ профессионалон бӕрӕгбон – Республикӕ Хуссар Ирыстоны прокуратурӕйы кусӕджы боны цытӕн.
1722 азы 12 январы Уӕрӕсейы империйы император Петр I хицауадон барамындӕй Хицауиуӕггӕнӕг сенаты цур биноныг ӕрцыд генерал-прокуроры бӕрнон бынат ӕмӕ фӕзынд уӕрӕсейаг прокуратурӕйы институт. Гуырахстджын ивындзинӕдты дуджы паддзахады хъуыд хъусдарӕг институт, бӕстӕйы ӕппӕт территорийыл законады уавӕр чи сифтонг кодтаид. Ног орган уайтагъддӕр сси фидар ӕмӕ хъомысджын паддзахады разамынады ахсджиаг цӕг. Уӕдӕй абонмӕ хъусдарӕг органы куысты ахсджиагдӕр у адӕймаджы ӕмӕ ӕмбӕстаджы бартӕ ӕмӕ сӕрибардзинады сӕрыл хӕцын, паддзахады законон цымыдисӕгтӕ хъахъхъӕнын.
Растдӕр ацы бон нӕ уӕрӕсейаг коллегӕтимӕ иумӕ мах нысан кӕнӕм нӕ профессионалон бӕрӕгбон.
Хуссар ирыстойнаг прокуратурӕ йӕ фыццаг къахдзӕфтӕ акодта ӕбуалгъы зын экономикон, политикон ӕмӕ социалон уавӕрты. Хуссар Ирыстоны прокуратурӕйы сӕргъ ӕппӕт рӕстӕджыты дӕр лӕууыдысты номдзыд адӕймӕгтӕ, ӕцӕг патриоттӕ, ӕхсӕнад ӕмӕ паддзахады цымыдисӕгтӕ чи хъахъхъӕдта, ахӕмтӕ.
Нӕ уагдон рахызт алыгъуызон рӕстӕджыты сӕрты ӕмӕ абон дӕр ӕмбӕлы алыгъуызон зындзинӕдтыл. Уыцы зындзинӕдтӕ кӕд сты, уӕддӕр прокуророн кусджытӕ ӕнӕрынцойӕ хъахъхъӕнынц ӕмбӕстӕгты законон цымыдисӕгтӕ, тох кӕнынц паддзахады цы фыдракӕндтӕ ис, ӕппӕт уыдонимӕ, ифтонг кӕнынц Республикӕ Хуссар Ирыстоны ӕппӕт территорийыл законы уӕлбартӕ.
Республикӕ Хуссар Ирыстоны прокуратурӕйы архайд ахъаз кӕны ӕмбӕстӕгты экономикон, социалон ӕмӕ фӕллойадон бартӕ хъахъхъӕнын, фыдракӕндтӕ ӕмӕ фӕткхалӕнтӕ фӕкъаддӕр кӕнынӕн.
Сымах, Республикӕ Хуссар Ирыстоны прокуратурӕйы органты раз ис стыр хӕстӕ паддзахады архайды ӕппӕт фадгуыты дӕр, ӕмӕ сыл сымах ӕххӕссут, уымӕй уӕлдай ма вӕййы стыр ӕнтыстджын фӕстиуджытӕ уӕ куыстӕн. Бирӕ прокуророн кусджытӕн ӕмбӕлонӕй банымадӕуыд се ‘нтыстытӕ, счындӕуыд сын аккаг аргъ паддзахадон ӕмвӕзадыл. Уыдон бӕрнджынӕй ӕвналынц алы хъуыддагмӕ дӕр, намысджынӕй ӕххӕст кӕнынц сӕхимӕ райст хӕстӕ ӕхсӕнад ӕмӕ паддзахады раз. Бирӕ прокуророн кусджытӕн сӕ архайд ӕвзӕрын кӕны ӕхсӕнады ‘рдыгӕй цытджын ахаст, ӕууӕнк, бузныг ӕмӕ райгонды ӕнкъарӕнтӕ.
Бузынг уын, барадон сабырдзинад кӕй хъахъхъӕнут, уӕ ардбахӕрдыл ӕнувыд кӕй стут, паддазахӕн ахсджиаг фарстыты ӕнӕцӕстмӕхъус кӕй стут, уый тыххӕй.
Уӕлдай бузныг дӕн Республикӕ Хуссар Ирыстоны прокуратурӕйы органты ветерантӕй. Сымах бахастат стыр хай законад ӕмӕ барвӕтк бахъахъхъӕныны куыстмӕ. Зӕрдийаг бузныг уын зӕгъын бирӕ азты дӕргъы бӕстӕ ӕмӕ адӕмы хӕрзиуӕгӕн уӕ намысджын ӕмӕ удуӕлдай куыст, уӕ хъӕздыг профессионалон фӕлтӕрддзинады тыххӕй. Сымах уый цӕстуарзонӕй лӕвар кӕнут прокуророн кусджыты ӕрыгон фӕлтӕрӕн. Нӕ бӕрны уагдоны ныры фӕлтӕр сӕрыстырӕй ӕвӕры ӕмӕ фылдӕр кӕны Райгуырӕн бӕстӕ ӕмӕ нӕ адӕмы законон цымыдисӕгтӕн лӕггад кӕныны традицитӕ.
Уавӕрӕй пайда кӕнгӕйӕ, прокруатурӕйы органты ӕппӕт кусджытӕн зӕгъын мӕ хуыздӕр фӕндийӕгтӕ: фидар ӕнӕниздзинад, удвидар, хӕрзиуджытӕ ӕмӕ ӕнтыстытӕ ацы бӕрнон хъуыддаджы, куысты размӕцыд ӕмӕ профессионалон ӕнтыстытӕ!
Зӕрдийагӕй уын мӕ цӕст уарзы ӕнтсытытӕ уӕ куысты, цӕмӕй нӕ архайд кӕддӕриддӕр уа Республикӕ Хуссар Ирыстоны адӕмы хӕрзиуӕгӕн!