2024 азы 11 декабры Республикӕ Хуссар Ирыстоны прокуратурӕйы кусджытӕ райстой хайад Уӕрӕсейы Федерацийы Фæдагуырды комитеты Санкт-Петербурджы академийы Ростовы филиал цы ӕппӕтуӕрӕсеон зонадон конференци цы сарӕзта, уым.
Мадзал арӕзт ӕрцыд видеоконференцийы фӕлгӕты ӕмӕ арӕзт ӕрцыд коррупцийы ныхмӕ тохы ӕппӕтадӕмон боны цытӕн.
Конференцийы фӕлгӕты арӕзт ӕрцыд коррупцийы ныхмӕ тохы фарстатыл ныхас. Уӕлдай хъусдард здӕхт ӕрцыд бӕрнон ӕмӕ коррупцион фыдракӕндтӕ сбӕрӕг кӕныны ӕмӕ раиртасыны проблемӕтӕм, коррупцийы ныхмӕ тох кӕныны мадзӕлттӕм, стӕй аххосджынты архайды квалификацийы фарстатӕм ӕмӕ сӕ дарддӕр уголовон дзуапмӕ аздахынмӕ.
Мадзалы архайдтой Уӕрӕсейы прокуратурӕйы, Уӕрӕсейы Фӕдсгарӕн комитеты, Уӕрӕсейы Фӕдсгарӕн комитеты Академийы, иннӕ ахуырадон организациты, Хуссар таможнӕйы управленийы, Ростовы облӕсты фӕсивӕды политикӕйы Комитеты, Ростовы облӕсты Губернаторы коррупцийы ныхмӕ тохы Управленийы минӕвӕрттӕ, Уӕрӕсейы уӕлдӕр ахуырадты студенттӕ.
Республикӕ Хуссар Ирыстоны Генералон прокуратурӕйӕ доклад скодта Дзауы районы хӕстӕ ӕххӕстгӕнӕг, Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты истори ӕмӕ юриспруденцийы факультеты уголовон барады кафедрӕйы хистӕр ахуыргӕнӕг Гӕззаты Георги.
Конференцийы ма архайдта Республикӕ Хуссар Ирыстоны наукон-иртасӕг институты социалон-экономикон иртасӕнты хайады сӕргълӕууӕг Дзабиты Вячеслав.
Ацы мадзал стыр ахъаз фӕци Республикӕ Хуссар Ирыстоны ӕмӕ Уӕрӕсейы Федерацийы фӕлтӕрддзинад баивынӕн, прокуратурӕты ӕмӕ фӕдсгарӕн оргӕнты ӕмархайды фидар кӕнынӕн ӕмӕ рӕзтӕн, дарддӕры ӕмгуыстадӕн.