Республикæ Хуссар Ирыстоны Генералон прокуратурæ хъусын кæны, 2025 азы джеоргуыбайы мæйы 10 бон йæ цардæй кæй ахицæн Республикæ Хуссар Ирыстоны прокуратурæйы ветеран Гаглойты Константины чызг Венерæ.
Гаглойты Венерæ прокуратурæйы органты кусын райдыдта 1974 азы. Йæ архайд райдыдта Цхинвалы районы прокуратурæйы стажерæй, дарддæр куыста Цхинвалы районы прокуроры æххуысгæнæгæй, æнахъомты хъуыддæгты фæдыл Хуссар Ирыстоны автономон облæсты прокуроры æххуысгæнæгæй, æмбæстагон хъуыддӕгты тӕрхондӕтты ӕркӕсыны фӕдыл Хуссар Ирыстоны автономон облӕсты прокуроры ӕххуысгӕнӕгæй, æмбæстагон хъуыддӕгты тӕрхондӕтты ӕркӕсыны фӕдыл Хуссар Ирыстоны автономон облӕсты прокуроры хистæр ӕххуысгӕнӕгæй.
Юстицийы уынаффæгæнæг.
Гаглойты Венерæ 20 азæй фылдæр фæкуыста, йæхи равдыста куыд фæлтæрд, бæрнон кусæг, арф зонындзинæдтимæ йæ равзаргæ фадыджы.
Йӕ службӕйы хӕстӕ хорз кӕй ӕххӕст кодта, уый тыххӕй цалдæр хатт хорзæхджын æрцыд паддзахадон æмæ уагдоны хæрзиуджытæй.
Республикæ Хуссар Ирыстоны прокуратурæйы кусджытæ тæфæрфæс кæнынц Гаглойты Венерæйы бинонтæн æмæ æввахс адæмæн. Йæ рухс ном нæ зардæты цæрдзæнис.