Республикӕ Хуссар Ирыстоны Генералон прокуратурӕ рауагъта бардзырд прокуророн кусджыты моралон-этикон стандарттӕ ӕмӕ патриотон хъомылады системӕ бӕрӕггӕнӕг бындурон уагдонадон акттӕ сфидар кӕныны ӕмӕ сӕ рухсмæ рауадзыны тыххӕй.
Гæххæттытæ арӕзт сты прокуророн кусджыты хи дарыны ӕмӕ службӕйон этикӕйы иумӕйаг уагӕвӕрдтӕ профессионалон ӕмӕ фӕслужебон архайды сфидар кӕныны, стӕй прокуратурӕйы органты кадртимӕ хъомыладон куыст фӕхуыздӕр кӕныны нысанимӕ. Уыдон дзуапп дӕттынц Республикӕ Хуссар Ирыстоны Президенты бардзырды уагӕвӕрдтӕн 2012 азы 15 февралы № 32 "Республикӕ Хуссар Ирыстоны паддзахадон службӕгӕнджыты этикӕ ӕмӕ службӕйон уагахасты Кодекс сфидар кӕныны тыххӕй" ӕмӕ Закъоны домӕнтӕн "Республикӕ Хуссар Ирыстоны прокуратурӕйы тыххӕй".
Службæйон ахасты æмæ этикæйы Кодекс æмæ хъомыладон куысты Концепци хæссынц ирон адæмы зындгонд фырт Санахъоты Кыбылы фырт Матейы ном – щтабс-капитан, Сыгъдæг Георгийы номыл æххæст кавалер, Хуссар Ирыстоны прокуратурæйы органты бындурæвæрджытæй сæ иу. 1923 азы, Хуссар Ирыстоны автономон областы прокуроры хæдивæджы хæстæ æххæстгæнгæйæ, Мате бындур æрæвæрдта уагдонæн, бахаста офицеры кады кодекс, ӕнӕхӕрамдзинады принциптӕ, сæрмагонд бæрн æмæ фидар службæйон дисциплинæ. Санахъоты Матейы ном у Закъонæн, Фыдыбæстæйæн æмæ йæ адæмæн лæггад кæныны монон эталон. Ацы гæххæттытæн Санахъоты Матейы ном раттын нысан кæны историйон мысындзинад бахъахъхъæнын, профессионалон бынтæн кад æмæ сомбоны кусджыты фæлтæртæн закъон ӕмӕ ӕхсӕнадӕн лӕггад кӕныны хуыздӕр хуызӕгтӕ раттын.
Кодекс ӕвӕры прокуророн кусӕджы хидарыны ӕгъдӕуттӕ, сӕ нысан-прокуратурӕйы авторитет фидар кӕнын, службӕйы хӕстӕ ӕххӕст кӕнгӕйӕ хӕдбардзинад ӕмӕ ӕнӕхӕрамдзинад сифтонг кӕнын, стӕй архайды иумӕйаг удварны-нормативон бындур аразын. Хъомыладон куысты концепци бӕрӕг кӕны хъомыладон процессы нысантӕ, хӕстӕ, принциптӕ ӕмӕ сӕйраг къабӕзтӕ куыд Республикӕ Хуссар Ирыстоны прокуратурӕйы органты кадрон политикӕйы ӕнӕфӕхицӕнгӕнгӕ элемент.
Кодексы уагӕвӕрдтӕ зонын ӕмӕ ӕххӕст кӕнын, стӕй Концепци царды рауадзыны активон архайд хыгъд цӕуынц прокурорты кусджыты аттестаци аразгӕйӕ, службӕйы размӕцыды, разӕнгард кӕныны ӕмӕ кълассон чинтӕ дӕттыны фарстытӕ лыг кӕнгӕйӕ. Кодексы нормӕтӕ халын, уыимӕ прокуроры кусӕджы кад чи фауы, ахӕм фыдракӕнд саразын, нымад цӕуы дисциплинарон бӕрндзинад ӕрдомгӕйӕ.
Уыцы иу рӕстӕг нымад ӕрцыд Республикӕ Хуссар Ирыстоны Генералон прокуроры бардзырд 2014 азы 22 июлы № 91-п "Республикӕ Хуссар Ирыстоны прокуророн кусӕджы этикӕйы Кодекс сфидар кӕныны ӕмӕ йӕ тыхы бацӕуыны тыххӕй ӕмӕ Республикӕ Хуссар Ирыстоны прокуратурӕйы системӕйы хъомыладон куысты Концепци сфидар кӕныны тыххӕй".
Прокуратурӕйы органты разамонджытӕн хӕсгонд ӕрцыд, цӕмӕй ахуыр кӕной ӕмӕ фидаргонд гæххæттытæ ӕнӕгуырысхойӕ ӕххӕстгонд цӕуой, стӕй сын сӕ мидис ӕппӕт кусджытӕм дӕр фӕхӕццӕ кӕной.