Республикӕ Хуссар Ирыстоны Генералон прокуратурӕйы Фӕдысгарӕн управлени райста уынаффæ, цæмæй уголовон хъуыддаг бакӕной Дзӕгъиаты Уырызмӕгы, Хуссар Ирыстоны раздӕры Генералон прокуроры ныхмӕ.
Уый азымджын цӕуы йæ куысты бынатӕй бартæй фыдхъомыс кӕй кодта, уымӕй.
Ныридӕгӕн ацы хъуыддаджы фӕдыл уагъд цӕуынц ӕппӕт ӕнӕмӕнгхъӕуӕг фæдагуырдон-оперативон мадзæлттæ.