Республикӕ Хуссар Ирыстоны Генералон прокуратурӕйы республикӕйы Генералон прокурор Собайты Григорийы разамындӕй арӕзт ӕрцыд кусӕн ӕмбырд.
Ӕмбырды архайдтой Генералон прокуроры хӕдивджытӕ Плиты Алан ӕмӕ Къӕбулты Тигран, горӕты ӕмӕ районты прокуратурӕты разамонджытӕ.
Ӕмбырды ныхас цыд хъӕдӕрмӕг ӕнӕзакъонӕй цӕттӕ кӕныны фарстатыл хъармгӕнӕн сезоны ралӕууыдмæ æмæ валеркӕсаг ахсыны ӕнӕзакъонӕй ӕппӕт донуӕтты ӕмӕ цӕугӕдӕтты дӕр валеркӕсаг гуырдз кæныны рӕстӕджы ахсыны тыххæй.
Собайты Григори горӕты ӕмӕ районты прокуратурӕты разамонджытӕн бахӕс кодта, цӕмӕй паддзахадон хицаудзинады бынӕттон оргӕнты минӕвӕрттимӕ, стӕй хъӕдгуысты технологион процесс саразыны бӕрнон кусджытимӕ ӕмбырдтӕ саразой. Барадхъахъхъӕнӕг оргӕнтимӕ, бынӕттон хиуынаффӕйады оргӕнтимӕ иумӕ хӕсгонд ӕрцыд саразын ӕхсӕнуагдонон къордтӕ хъӕды садзӕнты ӕнӕзакъон лыггӕнӕн бынӕттӕ сбӕрӕг кӕныны ӕмӕ бауромыны тыххӕй хъӕддзауты, фӕдзӕхстыты ӕмӕ а.д.; Закъонӕвӕрынады хӕлды факттӕ куы рабӕрӕг уой, уӕд ӕвӕстиатӕй дзуапп дӕттын.
24 августӕй 2024 азы кӕронмӕ фидаргонд ӕрцыд валергӕсаг ахсыны бар Республикӕ Хуссар Ирыстоны зӕххыл ӕппӕт донуӕтты дӕр. Уымӕ гӕсгӕ Генералон прокурор бахӕс кодта республикӕйы районты прокурортӕн, цӕмӕй сӕрмагонд цӕстдард райсой цӕугӕдоны ӕмӕ цады валергӕсаг ахсыны бар лӕвӕрд ма цӕуа ӕппӕт донуӕтты дӕр, уыимӕ чысыл цӕугӕдӕтты ӕмӕ сӕ къабӕзты дӕр. Прокурортӕн хӕсгонд ӕрцыд ӕмбӕлон ӕххӕстбарджын оргӕнтимӕ иумӕ хъахъхъӕнын, цӕст дарын ӕмӕ фӕткыл кӕнын цӕрӕгойты дунейы объекттӕй пайда кӕныны ӕмӕ сӕ цӕрӕн бынӕттӕй пайда кӕныны сферӕйы, саразын уӕлӕмхасӕн профилактикон мадзӕлттӕ, кӕцытӕ ахъаз уыдзысты тобӕгонд рӕстӕджы уагхалӕнтӕн.
Афтӕ ма прокурортӕн хӕсгонд у ресторантӕ ӕмӕ кафетӕ бӕрӕг кӕнын сертификаттӕ ӕмӕ ӕндӕр документтӕ валеркӕсаг ӕмӕ ӕндӕр кӕсагы продукцийы тыххӕй.
Цӕстдарды мадзӕлтты ӕмӕ бӕрӕггонд уагхалӕнты фӕстиуджыты тыххӕй хъусын кӕндзысты Генералон прокурорӕн алы 10 боны дӕр.