Абон республикӕйы Генералон прокурор Собайты Григорийы разамындӕй арӕзт ӕрцыд кусӕн ӕмбырд дзӕгъӕл куыйтимӕ архайды закъонады уавӕры тыххӕй. Уым ныхас цыд сахары ӕвӕгӕсӕг цӕрӕгойты популяци фӕфылдӕр кӕныны фарстатыл, стӕй уыцы уавӕрӕй фервӕзыны фӕндагыл. Мадзалы архайдтой прокуратурӕйы минӕвӕрттӕ, Цхинвалы Администраци, Цхинвалы горӕты мидхъуыддӕгты управлени, стӕй ма цӕрӕгойты хъахъхъӕнджыты бархионты хъӕппӕрисджын къорд.
Ӕмбырды архайджытӕ куыд фӕбӕрӕг кодтой, афтӕмӕй дзӕгъӕл куыйтӕ сты ахъаззаг социалон проблемӕ ӕмӕ адӕмӕн тӕссаг, уыимӕ ма сӕ ӕхст расайы стыр ӕхсӕнадон резонанс ӕмӕ хъаст цӕрӕгойты ныхмӕ фыдмиты тыххӕй.
Бархионтӕ хъӕппӕрисджын къорд хъахъхъӕнджытӕ сӕ мӕты бацыдысты дзӕгъӕл цӕрӕгойты фехсыны мадзӕлттӕй, бацамыдтой, адӕмы психикӕйӕн, уыимӕ ӕнахъом граждӕнтӕн дӕр, ахӕм ӕхстытӕ цы зиан хӕссынц, уый. Къаддӕр мӕтаг нӕу зоологты хъахъхъӕнджыты, приюттӕ ӕмӕ специализацигонд организацитӕ кӕй нӕй, материалон-техникон базӕ кӕй нӕй, цӕмӕй ӕнӕхицауӕй цӕрӕгойты уавӕр фӕхуыздӕр уа республикӕйы.
Ӕмбырды архайджытӕ баиу сты ууыл, ӕмӕ нӕдӕр фехст, нӕдӕр стерилизаци бындуронӕй нӕ сахаддзӕн ӕнӕхицау куыйты нымӕц фӕфылдӕр кӕныны уавӕрыл. Кӕд ӕхст, стерилизаци ӕмӕ ӕвӕгӕсӕг куыйты вакцинаци кӕнынц, уӕддӕр сӕ нымӕц къаддӕр нӕ кӕны; ӕппӕт проблемӕйӕн дӕр йӕ уидаг у, адӕймаг хӕдзарон цӕрӕгойтӕм ӕнӕдзуапп ахаст кӕй дары, уый. Иуӕй-иу цӕрджытӕн хӕдзарон цӕрӕгой куы сбирӕ вӕййынц, уӕд къӕбылаты раппарынц уынгмӕ, уыдон фӕфылдӕр кӕнынц дзӕгълӕ куыйты нымӕц. Ӕхсӕнадӕн къаддӕр тас нӕу хӕдзарон цӕрӕгойтӕй, уынгмӕ уӕгъдибарӕй кӕй рауагътой, уыдонӕй, Уӕд Хуссар Ирыстоны цы нормӕтӕ ис, уыдонмӕ гӕсгӕ куыйты цыдӕн бар ис ӕрмӕстдӕр хицауы цур.
Ӕмбырды хатдзӕгтӕм гӕсгӕ уынаффӕ рахастой, цӕмӕй сбӕрӕг кӕной, республикӕйы хӕдзарон куыйты регистраци кӕныны бӕрнджын оргӕн, стӕй ма, цӕрӕгойтӕм цӕст дарыны ӕмӕ сӕ ахсыны бартӕ лӕвӕрд кӕмӕн ис, ахӕм оргӕн. Уымӕй уӕлдай, ӕркӕсдзысты, хӕдзарон цӕрӕгойты тезгъойы уагӕвӕрдтӕ кӕй фехӕлдтой, уый тыххӕй республикӕйы цӕрджытӕн ивартӕ фӕфылдӕр кӕныны фарстмӕ, стӕй ма конд ӕрцӕудзӕн хӕдзарон куыйты регистраци кӕныны куыст дӕр, астӕуккаг ахуырадон скъолаты ахуырдзаутимӕ скӕндзысты ахуыртӕ ӕнӕрвӕссон куыйтимӕ фембӕлгӕйӕ хи дарыны ӕгъдӕутты тыххӕй.
Генералон прокурор куыд фӕбӕрӕг кодта, афтӕмӕй дарддӕр дӕр ныхас цӕудзӕн ӕмархайды варианттыл.
Ӕмбырды кӕроны Генералон прокурор фӕнысан кодта дарддӕры ӕмархайд барадхъахъхъӕнӕг оргӕнтимӕ ӕмӕ ӕхсӕнады минӕвӕрттимӕ.