Республикӕ Хуссар Ирыстоны мидхъуыддӕгты Министрады хи ӕдасдзинады дӕлхайӕдты сарӕзтады боны фӕдыл републикӕйы Генералон прокурор Собайты Григорий схорзӕхджын кодта майданӕй "Ахъаз кӕныны тыххӕй " Республикӕ Хуссар Ирыстоны мидхъуыддӕгты Министрады хи ӕдасдзинады управленийы кусджыты прокуратурӕйы оргӕнтӕн баххуыс кӕныны тыххӕй, прокуратурӕйы системӕйы райрӕзтмӕ зынгӕ ӕвӕрӕн бахӕссыны ӕмӕ йын йӕ архайды ифтонг кӕныны тыххӕй.
Собайты Григорий раарфӕ кодта Республикӕ Хуссар Ирыстоны мидхъуыддӕгты Министрады хи ӕдасдзинады Управленийы кусджытӕн ӕмӕ фӕнысан кодта управленийы архайды бӕрзонд бӕрӕггӕнӕнтӕ. Мидхъуыддӕгты Министрады хи ӕдасдзинады Управленийы кусджытӕ Собаты Григрийӕн сӕ рады арфӕ ракодтой управленийы архайдӕн стыр аргъ кӕй скодта, уый тыххӕй, загътой цӕттӕдзинад дарддӕр дӕр ӕнӕзӕрдӕхудтӕй ӕххӕст кӕной сӕ службӕйы хӕстӕ.