Ног азы бӕрӕгбоны размӕ республикӕйы цӕстдарды уагдоны кусджытӕ ӕрвылазон хӕрзаудӕн акци "Мӕ ногбоны бӕллиц"-ӕн ӕххуысы фӕлгӕты балӕвар кодтой лӕвӕрттӕ, Ног азмӕ Митын Дадамӕ фӕндиӕгты фыстӕджытӕ чи ныффыста, уыцы сывӕллӕттӕн.
Фембӕлд ацыд зӕрдӕхӕлар уавӕры. Бӕллиццаг лӕвӕрттӕ сывӕллӕттӕ райстой Республикӕйы Генералон прокурор Собайты Григорийы къухӕй, стӕй Генералон прокуроры хӕдивджытӕ Плиты Алан ӕмӕ Къӕбулты Тиграны къухӕй.
Собайты Григорий раарфӕ кодта се 'ппӕтӕн дӕр Ног азы фӕдыл.