Республикæ Хуссар Ирыстоны прокуратурæйы кусджытæ, кæцытæ ныртæккæ сты Мæскуыйы Уæрæсейы Федерацийы прокуратурæйы университеты дæсныйад фæбæрзонддæр кæныны тыххæй, хайад райстой Республикӕ Хуссар Ирыстоны Президенты ӕмгъуыдагъоммӕйы ӕвзӕрстыты.
Прокуратурӕйы делегаци, cӕ сӕргъы Республикӕ Хуссар Ирыстоны Генералон прокуроры хӕдивӕг Плиты Алан, ӕрбацыд, Республикӕ Хуссар Ирыстоны Минӕварадмӕ Уӕрӕсейы Федерацийы зӕххыл цы 75-ӕм ӕвзарӕн фадыг байгом, уырдӕм. Сӕ ӕвзарӕн бар сӕххӕст кӕныны фадатӕй пайда кӕнгӕйӕ, прокуратурӕйы кусджытӕ райстой бюллетентӕ ӕмӕ æсхъæлæс кодтой.