Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты ӕмгъуыдагъоммӕйы æвзæрстытæ 2026 азы 18 сентябры ауадзыны фæдыл, афтæ ма Уӕрӕсейы Федерацийы Федералон Ӕмбырды фарӕстӕм æрсидты Паддзахадон Думӕйы депутатты æвзæрстыты фæдыл, кæцытæ ацæудзысты 2026 азы 18–20 сентябры, республикӕйы районты ӕмӕ сахарон прокуратурӕты арӕзт ӕрцыд прокурорӕйы кусджыты радгӕсад.
Радгӕсад ӕвӕрд ӕрцыд æнæхъæнæй ӕвзарӕн кампаниты дæргъы. Цхинвалы ӕмӕ районты прокурортӕ сифтонг кӕндзысты æмбæстæгты сидтытӕм ӕвӕстиатӕй ӕркӕсын, равзардзысты ӕвзӕрстыты закъонӕвӕрынады тыххӕй хъусынгӕнинӕгтӕ, стæй ма æвзæрстон къамистимæ æмæ мидхъуыддæгты органтимæ иумæйаг куыст ӕмархайд кӕндзысты.
Республикӕ Хуссар Ирыстоны Генералон прокурор Собайты Гурамы фырт Григорий бахæс кодта районты æмæ сахары прокуратурӕты разамонджытӕн, цӕмӕй ӕхсӕвӕй-бонӕй цӕттӕ уой ӕрбацӕугӕ информацийӕн дзуапп дӕттынмӕ, прокуророн дзуаппы мадзӕлттӕ афоныл ӕххӕст кӕнынмӕ ӕмӕ хъӕлӕс кӕныны рæстæджы закъондзинад ӕнӕдызӕрдыгӕй ӕххӕст кӕнынмӕ. Районы ӕмӕ горӕты прокуратурӕты разамонджытӕн хӕсгонд у радгӕсты организацимӕ сӕрмагонд цӕстдард сифтонг кӕнын.
Республикӕ Хуссар Ирыстоны прокуратурӕ алкæмæн дæр зæрдыл лæууын кæны, прокуратурӕйы оргӕнтӕм закъонӕвӕрынады зындгонд уагхалӕнты тыххӕй фехъусын кӕныны фадат кӕй ис, уый. Æвзарæнон бартæ хъахъхъæныны куыст цӕуы дарддæр æппæтбоны уагæй.