Абон, Фыдыбӕстӕйы Стыр хӕсты Уӕлахизы 80 азы бӕрӕгбоны фӕлгӕты республикон стадионы ахицӕн сты ӕппӕтуӕрӕсейаг физкультурон-спортивон комплекс ГТО-йы нормативтӕ ӕххӕст кӕныны ерыстӕ (цӕттӕ у фӕллоймӕ ӕмӕ хъахъхъӕнынмӕ) Республикӕ Хуссар Ирыстоны прокуратурӕйы оргӕнты кусджыты ӕхсӕн.
Прокуратурӕйы кусджыты архайд ахӕм мадзӕлтты ахъаз у коллективты ӕнгомдзинадӕн ӕмӕ арӕзт у кусджыты физикон ӕмӕ монон рӕзт фидар кӕнынмӕ, ӕнӕниз цардыуаг пропагандӕ кӕнынмӕ, стӕй спортивон цӕттӕдзинады ӕмвӕзад сбӕрӕг кӕнынмӕ, спортивон традицитӕ аразынмӕ.
Мадзал байгом кодта Республикӕ Хуссар Ирыстоны Генералон прокурор Собайты Григори. Уый банысан кодта, зӕгъгӕ, уыдон канд физикон гӕнӕнтӕ бӕрӕг кӕныны ерыстӕ не сты, фӕлӕ ма сты Фыдыбӕстӕйы Стыр хӕсты Уӕлахизы боны фӕдыл цы мадзӕлттӕ арӕзт ӕрцыд, уыдонмӕ се ' ххуысы хай бахӕссыны ӕмӕ нӕ сабыр фидӕны сӕраппонд йӕ цард чи радта, уыдоны ном ссарыны мадзал дӕр.
ГТО-йы нормативтӕм гӕсгӕ алы кары къордты нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ сылгоймӕгтӕн ерысты архайджытӕ ӕххӕст кодтой цалдӕр фӕлтӕрӕны фӕразондзинадыл, тагъд цыды фадӕттӕ ӕмӕ координацийыл.
Физкультурон-спортивон мадзалы архайджытӕ иууылдӕр равдыстой фӕндон ӕмӕ уӕлахизмӕ тырнындзинад. Алы архайӕг дӕр равдыста аккаг хатдзӕг, фарсхӕцджытӕ та сарӕзтой ӕгъуыстаджы атмосферӕ. Хуыздӕр бӕрӕггӕнӕнтӕ равдыстой кусджытӕ Петраченко Андрей, Къусраты Руслан, Тедеты Инал, Бибылты Роланд, Дыгъуызты Владимир, Челӕхсаты Сӕрмӕт.
Уӕлахиздзаутӕн лӕвӕрд ӕрцыд сгуыхт хӕрзиуджытӕ.