Абон, 5-æм февралы, 2020-æм азы, Республикæ Хуссар Ирыстоны Генералон прокурор Дзæгъиаты Уырызмæджы къухдариуæгадæй уагъд æрцыд прокуратурæйы коллегийы рауæрæхгонд æмбырд, кæцыйы дзырд цыд 2019-æм азы фæтк æмæ закъонад сфидар кæныны фæдыл прокуратурæйы органты куысты хатдзæгтыл æмæ 2020-æм азы хæслæвæрдты фæдыл. Æмбырды хайад райстой Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатолий, Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик, Парламенты Сæрдар Тадтаты Алан, Æдасдзинады Советы Нымæрдар Уалыты Валерий æмæ æндæр бæрнон кусджытæ.
Æмбырды сæйраг докладимæ раныхас кодта Дзæгъиаты Уырызмæг. Уый банысан кодта, зæгъгæ, ацæугæ азы прокуратурæйы органтæ цы цæстдарды мадзæлттæ ауагътой, уыдон республикæйæн иууыл нысаниуæгджындæр проблемæтæн ахъаз фесты, фæтк æмæ закъонады сфидардæр кæнынæн.
Фыдракæндты ныхмæ тохы фадыгы республикæйы прокуратурæ сæххæст кодта координацион, цæстдарæг æмæ æндæр мадзæлттæ. Фыдракæндты ныхмæ тохы фæдыл хæстæ скъуыддзаг цыдысты республикæйы æндæр барадхъахъхъæнæг органтимæ æмархайд кæнгæйæ. Уагъд æрцыдысты 3 координацион æмбырды.
Прокуратурæйы органты фæдагурджытæм ист æрцыд 128 уголовон хъуыддаджы, уыдонæй 81 баконд æрцыдысты 2019-æм азы. Республикæйы Генералон покуратурæйы фæдагурæн Управлени уголовон хъуыддæгтæ бакодта хъалонты æмæ экономикон фыдракæндты фæдыл, иумыййаг сисгæйæ 2 714 896 сомы аргъ, ахст æрцыдсты 2,5 милуан сомæй фылдæр.
Уымæй уæлдай ма ист æрцыдысты ифтонггæнæн мадзæлттæ, кæцыты нысан у, фыдракæндон архайды фæстиуæгæн цы зиан раконд æрцыд, уый раздахын, исад бабæлвырд кæныны тыххæй цæмæй УФ-йы компетентон органтæм бафæрсæн гæххæт арвитгæйæ, уыцы исад уый фæстæ ахст æрцæуа.
Закъонад фехалыны фæдыл басгарæн мадзæлттæ уадзыны процессы чи рабæрæг æмæ йæ сконды фыдракæнды миниуджытæ кæмæн нæй, фæлæ рокуророн хъусдард аздахын кæмæ хъæуы, ахæм хъуыддæгтæ рабæрæг 749. Прокуратурæйы органтæ нывæзтмæ гæсгæ ауагътой 300-йæ фылдæр басгæрсты. Нывæзтмæ гæсгæ 2019-æм азы уагъд цы мадзæлттæ æрцыдысты, уыдон фæстиуæгæн æххæст æрцыдсты 227 акты, кæцытæм хъуыд прокурон хъусдард аздахын. Прокурорты бавдыстмæ гæсгæ дисциплинæйон бæрндзинадмæ конд æрцыдысты 67 аххосджыны. 2019-æм азы прокуратурайы органтæ тæрхондæттæм балæвæрдтой 523 хъасты, 6 151 519 сомы аргъ, 301 хъасты -3 385 175 сомы аргъ, 217 куырдиаты та сты æркæсыны æмвæзадыл.
2018-æм азы 29-æм октябры мæйы райсгæ Республикæйы президенты 48-æм номыримæ уынаффæ сæххæст кæныны нысанæн басгарст æрцыд, финансон фæрæзтæй нысанмæздæхтæй æмæ рационалонæй пайда кæныны фæдыл, президеты цур Цæстдарæн Советы сæрмагонд хыгъдæй, 2008-æм азы августы хæсты рæстæджы чи бахъыгдард, уыдонæн баххуыс кæныны нысанæн, Хуссар Ирыстоны Национ банчы сæрмагонд хыгъдмæ хаст цы фæрæзтæ æрцыдысты, уыдон бындуронæй æмæ эффективонæй хæрдз æрцыдысты, æви нæ, уый. Рабæрæг æрцыд, куыстыты гуырахст æмæ аргъ фæфылдæр кæныны цаутæ, иумыййаг сисгæйæ 18 790 398, 93 сомы аргъæй, уыдон нымæцы 2 441 581,7 сомы -Хуссар Ирыстоны Президенты цур Цæстдарæн Совет, 3 355 179 сомы -паддзахадон унитарон куыстуат "Цæрæн фонды объекттæ сæндидзын кæныны фæдыл управлени", 12 993 647, 23 сомы та - Республикæ сæндидзын кæныны нысанæн приоритетон проекттæ æххæст кæныны фæдыл паддзахадон комитет.
Афтæ ма бабæлвырд æрцыд, Республикæ сæндидзын кæныны нысанæн приоритетон проекттæ æххæст кæныны фæдыл паддзахадон комитетæн кæй ис, хардз чи нæ æрцыд, ахæм дебиторон хæс,- иумыййаг сигæйæ 22 258 157 сомы. Рахицæн æрцыд 100 000 000 сомæй фылдæр, куыстытæ та æххæст æрцыдысты æрмæстддæр 80 000 000 сомы аргъæй, 22 000 000 сомы фæдыл хыгъд лæвæрд нæ æрцыд æмæ ист нæ æрцыдысты дебиторон хæсæй.
Басгæрсты фæдыл æрмæджытæ æрвыст æрцыдысты Республикæйы Генералон прокуратурæмæ, сæ фæдыл фæндон рахæссыны нысанæн, æрмæджыты бындурыл гом æрцыд 4 уголовон хъуыддаджы. Уголовон хъуыддæгты фæдыл фæдагурæн куыст кæныны фæлгæтты, ацæугæ азы раздæхт æрцыд 3 милуан сомы, афтæ ма арæзт æмæ бафыст æрцыдсты, 15 000 000 сомы раздахыны фæдыл графиктæ дæр. Куыст ма цæуы æндæр уавæртæ æмæ гоймæгтæ рабæрæг кæныны фæдыл дæр, кæцытæ хайад истой Цæстдарæн Советы фæрæзтæ давыны хъуыддаджы.
Прокуратурæ лæмбынæг хъусдард здахы æмбæстæгты куырдиæтты фæдыл куыстмæ. 2019-æм азы прокуратурайы органтæм цæрджытæ бадæттой 400-йæ фылдæр куырдиаты æмæ хъасты. Уыдонæй 228-ы прокуратурайы органты кусджытæ аскъуыддзаг кодтой сæ мидисмæ гæсгæ, уыдон нымæцы 49 скъуыддзаг æрцыдысты, хъастгæнæг йæ куырдиаты цы донмæнтæ раразмæ кодта, уыдонмæ гæсгæ.Генералон прокуратурæйы куысты нывæзтмæ гæсгæ, прокуратурæйы къухдариуæгад рæстæгæй-рæстæгмæ бабæрæг кæны районты администрацитæ æмæ адæмы райсынц сæ куысты æмæ цæрæн бынæттæм гæсгæ.
Коллегийы ма æрдзырдтой, æфхæрд æххæст кæнын æмæ тæрхондоны рахæсгæ фæндттæ, зæрдæхсайгæ чи у æмæ ахст чи æрцыд, уыцы адæмы дарæн бынæтты администрацитæ, тæрхондоны хъуыддæгтæм æркæныны фасты прокурорты хайадист, закъоны ныхмæ чи у, тæрхондоны ахæм рахæсгæ фæндты ных æмæ лæууын, уголовон хъуыддæгты фæдыл фæдгурæн куыст кæныны рæстæджы закъонад æмæ фыдракæнды уавæр куыд у, уымæ æмæ ма прокуророн цæстдарды æндæр фарстытæм æркæсыны рæстæджы, органты æмæ уагдæтты администрацитæ закъон куыд æххæст кæныныц, уымæ цæстдарыны фарстыты фæдыл, афтæ ма кадрты фæдыл куыст, барадон архайд, æхсæнадæмон æмкуысткæнынад æмæ æндæр фарсты фæдыл дæр.
Коллегийы ма æрдзырдтой закъонад æмæ фæтк фидардæр кæныны нысанæн, горæты æмæ районты покурорты архайды эффективондзинад фæуæлдæр кæныны хæсты фæдыл дæр. Æмбырды байхъустой Республикæйы Генералон прокуроры фыццаг хæдивæг Битеты Сергейы, Генералон прокуртурайы хайады сæргълæуууæг Бибылты Светланайы, горæт Цхинвалы прокурор Дзабиты Артуры, республикæйы æфсæддон прокурор Къæбулты Тиграны докладтæм.Республикæ Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий æрæмбырдуæвджыты раз раныхасгæнгæйæ банысан кодта, зæгъгæ, Генералон покуратурайы куыст у ахсджиаг æмæ æнæмæнгхъæуæг æмæ прокуратурайы кусджытæ сæ куыстмæ хъуамæ здахой бæронон ахаст. Президент æрсидт, цæмæй карз тох цæуа коррупцийы ныхмæ. "Фæнды ма уæ зæрдыл та уын ноджы дæр иу хатт æрлæууын кæнон, сымах уæ куыст цас цæсгомджынæйдæр æххæст кæнат, уыййас республикæйы фылдæр адæмы ныфс уыдзæн сæ фидæнæй"- банысан кодта паддзахады сæргълæууæг.
Мадзалы фæуды Дзæгъиаты Уырызмæг ранымадта сæйраг фæдыздæхæнтæ, кæцытæ 2020-æм азы уыдзысты прокурорты лæмбынæг хъусдарды бын. Прокурортæн бахæс æрцыд, цæмæй сæрмагонд хъусдард здахой фæткхалæн цаутæ ма уадзын æмæ профилактикайы фæдыл куыст фæактивондæр кæнынмæ, уæлдайдæр та уæззу фыдракæндты æппæт хуызты, æнхъомтæ цы фыдракæндттæ саразынц æмæ ма æнæзакъонæй наркотиктæй пайда кæнынимæ баст чи у, уыдонмæ.
Коллегийы куысты хатдзæгтæм гæсгæ ист æрцыдысты фарстытæ, кæцыты нысан у прокуророн цæстдарды эффективондзинад фæбæрзонддæр кæнын æмæ республикæйы закъонады уавæр фæхуыздæр кæнын. Æппæт рахæсгæ фæндттæ куыд æххæст цæудзысты , уымæ хъусдард цæудзæн систематикон æгъдауæй.