Амӕйразмӕ социалон хызӕг Facebook-ы фӕзынд хъусинаг доны ӕвзӕр гъӕды фӕдыл, кӕцы цӕуы доны хӕтӕлтӕ раст кӕй нӕ баиу кодтой, уый тыххӕй. Генпрокуратурӕ ацы цауы фӕдыл ауагъта басгӕрст.
Генпрокуратурӕйы фӕдзӕхстӕй фӕлсхасгӕнджыты бартӕ хъахъхъӕныны фӕдыл комитет сарӕзта лабораторон иртӕст доны гъӕдӕн, кӕцы цӕуы Цхинвалы уынгтӕй сӕ иуы цӕрджытӕм.
Басгӕрсты рӕстӕджы прокуратурайы кусджытæ сбӕрӕг кодтой, доны хӕтӕлтӕ раивыны рӕстӕджы кӕй не ‘ххӕст кодтой санитарон домӕнтӕ нуазыны доны гъӕдмӕ.
Басгӕрсты фӕстиуджытӕм гӕсгӕ Паддзахадон унитарон куыстуат "Водоканал"-ы директормӕ генпрокуратурӕйы куырдиат куы ӕрбацыд, уӕд фехӕлдтӕ аиуварс кодтой.
Уагъд цӕуы иудадзыг санитарон-лабораторон хъусдард графикмӕ гӕсгӕ, кӕцы сфидар кодта фӕлсхасгӕнджыты бартӕ хъахъхъӕныны фӕдыл комитет. Афтӕ ма генпрокуратурӕйы куырдиаты уыд домӕн, цӕмӕй ахӕм куыстытӕ уадзыны рӕстӕджы цӕрджытӕн развӕлгъау фехъусын кӕной.