Арфӕйы ныстуаны, цӕвиттон, дзырдӕуы: "Арфӕ кӕнын дӕуӕн ӕмӕ де 'мкусджытӕн Республикӕ Хуссар Ирыстоны прокуратурӕйы кусӕджы боны фӕдыл!
Прокурорты кусджытӕ лӕууынц закъон, адӕмы бартӕ ӕмӕ сӕрибардзинӕдтӕ хъахъхъӕнӕг, удуӕлдайӕ архайынц фыдракӕндты ныхмӕ ӕнӕбафидаугӕ тохыл.
Уырны мӕ, уӕрӕсейаг-хуссарирыстойнаг прокуророн ӕмархайд хӕлардзинад ӕмӕ кӕрӕдзийӕн аргъ кӕныны бындурыл дарддӕр дӕр нӕ адӕмты пайдайӕн тыхджын кӕй рӕздзӕн, уый.
Мӕ зӕрдӕ уын зӕгъы, Хуссар Ирыстоны прокуратурӕйы ӕппӕт кусджытӕн ӕмӕ ветерантӕн фидар ӕнӕниздзинад, профессионалон ӕнтыстдзинӕдты фарн.»