Абон, 5 сентябры Цхинвалы, Республикæ Хуссар Ирыстоны Генералон прокуратурæйы æрцыд фембæлд Республикæ Цæгат Ирыстоны прокуроримæ Александр Морозовимæ æмæ Уӕрӕсейы Федерацийы Генералон прокуратурæйы минӕваримæ Сергей Ефимовимæ. Афтæ ма фембӕлды хайад райстой Республикæ Хуссар Ирыстоны æмæ Уæрæсейы Федерацийы Мидхъуыддæгты органты иумæйаг информацион-координацион центры сæрлæууæг Василий Шепелев æмæ фыдракæндты ныхмæ тохы координацион отделы хистæр Сергей Надежкин.
Фембӕлд ацыд Цхинвалы, йӕ хайадисджытӕ ӕруынаффӕ кодтой трансарӕнон фадракӕндтимӕ тох кӕныны фадыхъы ӕмархайды фарстытыл.
Генералон прокуроры хæстæ ӕххæстгæнæг Битеты Серги фембӕлды радзырдта Хуссар Ирыстоны барадхъахъхъӕнӕг органтӕн Уӕрӕсейы таможнӕйон ӕмӕ арӕгӕрон структурӕтӕй коллегӕтимӕ иумӕ фӕстаг цалдӕр азмӕ кæй бантыст ӕрӕхгӕнын республикӕмӕ уӕззау наркотикон буарадты ӕрбаласт ӕмӕ парахат кӕныны канал, уый тыххӕй.
«Республикæ Хуссар Ирыстон ӕмӕ Уӕрӕсейы барадхъахъхъӕнӕг органты хсӕн арӕнгӕрон ӕмгуыстады иууыл ахсджиагдӕр здӕхтытӕй иу у наркотикон ӕмӕ психотропон буарӕдты ӕрбаласт ӕмӕ парахат кӕныны канал ӕрӕхгӕнын. Фӕстаг цалдӕр азы республикӕйы барадхъахъхъӕнӕг органтӕн, афтӕ ма Уӕрӕсейы таможнӕйон ӕмӕ арӕгӕрон структурӕты фӕстиуӕгджын куысты фӕрцы ӕхгӕд ӕрцыд уыцы канал, - банысан кодта Генералон прокуроры хæстæ ӕххæстгæнæг Битеты Серги, - Уыцы хъуыддаджы стыр ахъаз ис РХИ ӕмӕ УФ мидхъуыддӕгты органты Иумӕйаг информацион-координацион центрӕн (ИКЦ), кӕцы байгом ис Цхинвалы 2016 азы».
Уымӕй дарддӕр ма фембӕлды дзырд цыд, дыууӕ бӕстӕйы территорийыл фырдракӕндтӕ цы гоймӕгтӕ сарӕзтой, уыдон агуырд ӕмӕ экстрадицийыл дӕр.