Республикæ Хуссар Ирыстоны Генералон прокурор Дзæгъиаты Уырызмæг кусæгон балцы уыд горæт Пятигорскы. Ам фембæлд Цæгат Кавказы федералон зылды фæдыл Уӕрӕсейы Федерацийы Генералон прокуроры хæдивæгимæ Дмитрий Демешинимæ. Фембæлды рæстæджы дзырд цыд трансарангæнрон фыдракæндты ныхмæ тохы, Уæрæсейы финансон æххуысы давыны цаутимæ баст уголовон хъуыддæгты фæдыл дыууæ бæстæты ведомствæты æмарахайд кæныны æмæ ма æндæр проблемон фарстыты фæдыл.
"Хуссар Ирыстоны 2008-æм азы цы хæстон цаутæ цыд, уыдон фæстæ бабæлвырд æрцыд Гуырдзыстоны æфсæддон-политикон къухдариуæгад. Æмæ 45 адæймааджы ныхмæ баконд æрцыд фæдагуырд. Ныры рæстæджы сты 47 адæймаджы Хуссар Ирыстоны территорийыл, фæстæдæр уыдон лæвæрд æрцыдысты æхсæнадæмон фæдагуырдмæ, уыдон нымæцы Михаил Саакашвили дæр. Ацы номхыгъд фылдæр кæны, ис ахæм гоймæгтæ, кæцыты тыххæй нæй фаг бæлвырдгæнæнтæ, цæмæй уыдон дæр лæвæрд æрцæуой фадагуырдмæ... Ацы номгъыд ноджы фылдæр кæндзæн" - банысан кодта Республикæ Хуссар Ирыстоны Генералон прокурор Дзæгъиаты Уырызмæг, Пятигорскы уагъд цæуæг фембæлды фæстиуджыты фæдыл пресс- конференцийы.
Уӕрӕсейы Федерацийы Генералон прокуроры хæдивæг Дмитрий Демешин банысан кодта, зæгъгæ гæнæн ис, Уæрæсейы территорийæ ахæм адæймæгты экстрадици, кæцытæ Хуссар Ирыстоны адæмы ныхмæ сарæзтой фыдракæндтæ: "Ацы фарстытæм дæр мах нæ хъус дарæм, æхсæнадæмон æмкуысткæнынадæй стæм разы. Æмæ кæд ацы адæймæгтæ Уæрæсейы территорийыл ахст æрцæуой, уæд нæ федералон закъонад æххæсткæныны нысанæн, уыдон гæнæн ис æмæ лæвæрд æрцæуой Хуссар Ирыстоны территоримæ, уголовон æфхæрд баййафыны нысанæн". Дмитрий Демашин ма йæ катайдзинад равдыста Хуссар Ирыстонмæ æввахс территоритыл арæны милитаризацийы фæдыл: "Мах уынæм æддагон æндæвдады фактортæ ацы процессыл. Æмæ нæ фæнды банысан кæнын, нæ ахсджиаг функци кæй у - растдæр демилитаризаци". Уый банысан кодта, зæгъгæ æнæмæнгхъæуæг у æндæр бæстæтимæ æмархайды барадон механизмтæй спайда кæнын: "Кæй зæгъын æй хъæуы, уый хъуамæ скъуыддзаг ма цæуа æхсæнгарзы тыхæй, фæлæ хъуамæ скъуыддзаг цæуа закъоны тыхæй". Уыцы рæстæджы та, Демашин куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ, фæкъаддæр сты фыдракæндтæ Уæрæсе æмæ Хуссар Ирыстоны арæныл. "Фыдракæндтæ саразыны динамика, уæлдайдæр та контрабандаимæ баст чи у, уыдон, нæ дыууæ бæстæты æмархайды фæстиуæгæн фæныллæгдæр, фæкъаддæр. Лæмбынæгæй мах кусæм Уæрæсе æмæ Хуссар Ирыстоны закъонады имплементацийы фæдыл. Ахсджиаг фактор, цæмæй мах цæуæм æмæ уынæм барадæйпайдакæныны проблемæтæ æрмæстддæр иу векторы".<.p>
Æмкуысткæнынады иу фарс ма у - Уæрæсейы финансон æххуысы фæрæзтæ давынимæ баст уголовон хъуыддæгты фæдыл фæдагуырд, кæцытæ рахицæн æрцыдысты республикæ сæндидзын кæныны тыххæй. Дзæгъиаты Уырызмæг радзырдта, зæгъгæ 2008-æм азы конфликты фæстæ, Уæрæсейæ æрвыст цыд æххуыс. Нæхи аразтадон организацитæ æмæ специалисттæ республикæйы нæ фаг кодта, æрымных цыдысты подрядон организацитæ сыхаг территоритæй. Уавæрæй спайда кодтой æдзæсгом подрядчиктæ. Афтæ, иуæй- иу подрядчиктæ, фирма бакæнгæйæ, Хуссар Ирыстоны банкæй истой æхца аразтады тыххæй, уый фæстæ сæ иу рахастой æндæр хыгъдтæм æмæ иу ацыдысты.
"Æдæппæтæй баконд æрцыд 116 уголовон хъуыддаджы, 47 уголовон хъуыддаджы æрвыст æрцыдысты Уæрæсейы Федерацийы Генералон прокуратурамæ дарддæры уголовон фæдагуырды нысанæн, уымæн æмæ гоймæгтæ уæдмæ ацыдысты Уæрæсейы территоримæ. Уыдон уыдысты Уæрæсейы æмбæстæгтæ æмæ сæхи баауон кодтой Уӕрӕсейы Федерацийы территорийыл. Ацы хъуыддагты фæдыл ныры рæстæджы конд цæуы тынг активон куыст. Ис бæрæг хатдзæгтæ. Мах сæ райгонд стæм. Баззад ма æрмæст цы зиан ракодтой, уый бафидыны фарст"- загъта Республикæ Хуссар Ирыстоны Генералон прокурор Дзæгъиаты Уырызмæг журналисттæн.
Дзæгъиаты Уырызмæджы ныхæстæм гæсгæ . республикæйы бюджетæн цы зиан раконд æрцыд, уый у æртæ миллиард сомæй фылдæр. Афтæ ма Хуссар Ирыстоны Генералон прокурор райгондæй баззад бакæнгæ куысты хицæн фæстиуджытæй æмæ банысан кодта, зæгъгæ ныр ацы адæймæгтæй домдæуы, цæмæй цы зиан ракодтой, уый бафидой æмæ уыцы зиан фыст æрцæудзæн.
Уӕрӕсейы Федерацийы Генералон прокуроры хæдивæг банысан кодта, зæгъгæ, лæмбынæгæй дзырд цыд, паддзахадон фæрæзтæ давыны хъуыддаджы аххосджын чи у, уыдон цæмæй уголовон бæрдзинадæй ма аирвæзой, уыцы фарсты фæдыл. Йæ ныхæстæм гæсгæ, баконд æрцыдысты уголовон хъуыддæгтæ æмæ кæй ныхмæ конд æрцыдысты, ахæм къорд адæймаджы ахст æрцыдысты Уæрæсейы территорийыл, уыдонæй цалдæр ахст сты сæ хæдзæртты.