Закъонон тыхы бацыд сахар Цхинвалы тӕрхондоны тӕрхон 2025 азы 26 октябрæй Республикӕ Хуссар Ирыстоны æмбæстаджы ныхмӕ, республикӕйы Таможнӕйы комитеты сӕрдар Чочиты Алыксандры ныхмӕ тыхмитӕй кӕй зылын кӕнынц, уый тыххӕй. Фыдракӕнды ӕхсӕнадон тасдзинады характер ӕмӕ къӕпхӕн хынцгӕйӕ, стӕй хъуыддаджы уавӕртӕ хынцгӕйӕ, аххосджынгонд аххосджыныл нымад у УФ УК 318 уацмæ гӕсгӕ (тыхмийӕ пайда кӕнын хицауады минӕвары ныхмӕ) ӕххӕстӕй. Тӕрхондон ын снысан кодта ӕфхӕрд сӕрибарӕй фӕцухы хуызы 3 аз ӕмӕ æрдæджы ӕмгъуыд иумӕйаг уагӕвӕрды рӕстмӕгӕнӕн колонийы.
Уӕ зӕрдыл уын ӕрлӕууын кӕнӕм, 2025 азы 25 апрелы Республикӕ Хуссар Ирыстоны Генералон прокуратурӕ байгом кодта уголовон хъуыддаг республикӕйы Таможнӕйы комитеты Сӕрдар Чочиты Алыксандры ныхмӕ тыхмийӕ архайыны тыххӕй, йӕ службӕйон кабинеты йын цы уголовон хъуыддаг сарӕзтой, уый. Оперативон-агуырды мадзӕлтты ӕмӕ фæдагурæны рӕстӕджы ӕвӕрд ӕрцыд ӕмӕ ахст ӕрцыд гуырысхойаг, кӕцыйы тыххӕй ӕвзӕрст ӕрцыд уромӕн мадзал ахсты хуызы. Уголовон хъуыддаг фидаргонд аххосджынгӕнӕг уынаффӕимӕ Республикӕйы Генералон прокуратурӕйы Фӕдсгарӕн управленийæ ӕрвыст ӕрцыд сахар Цхинвалы тӕрхондонмӕ 2025 азы июны. Тӕрхоны хъуыддаг ацыд ӕргом уагӕвӕрды Паддзахадон зылынгӕнӕджы архайдимӕ Генералон прокуратурӕйӕ.
Цхинвалы горӕты тӕрхондоны тӕрхонын кассацион уагыл бахъаст кодтой. Фӕлӕ Сӕйраг тӕрхондон тӕрхон банымадта закъоныл, ӕмӕ уый фӕстӕ йӕ тыхы бацыд.